Нæ бæстæйы Президент Владимир ПУТИНЫ хъуыдымæ гæсгæ, туризмы райрæзт хъуамæ сразæнгард кæна промышленность, арæзтад æмæ сфæлдыстады индустрийы раззагдæр технологитыл бакусынмæ.
Республикæйы туризмы райрæзт домы, цæмæй ацы къабазы кусджытæ сæ архайд ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисой, агурой ног цымыдисаг маршруттæ туристтæн. Ныртæккæ Ирыстоны туроператорты нымæц хæццæ кæны цыппардæсмæ. Се ‘ппæт дæр хаст сты Уæрæсейы туроператорты иумæйаг Федералон номхыгъдмæ.
Национ туристон маршрут «Ирыстон сси æввахсдæр!»-ыл кусы республикæйы хъомысджындæр туроператортæй иу – «Мамисон Тревел». Йæ разамонæг Гæцойты Светланæйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм националон маршрут алырегионы нæй, уæдæ Ирыстоны дæр æрмæст адон кусынц йæ бындурыл. Ацы националон маршрут иннæты номхыгъдмæ бахастой Уæрæсейы Экономикæйы министрады уынаффæйы фæстæ. Цæмæй йæ царды ра-
уадзой, уый тыххæй йæ аразджыты бахъуыд бафыдæбон кæнын, уый сæ бадомдта закъоны бындурыл архайд дæр – бацæттæ кæнын алы туристон æрлæууæн бынатæн дæр сæрмагонд паспорттæ бæлвырдгонд хъусынгæнинагимæ, æмбарын кæнын фæндаг логистикæйы домæнтæм гæсгæ. Маршрут арæзт у цыппар боны æмæ æртæ æхсæвы æмгъуыдмæ. Уыцы рæстæгмæ гидтæ респуб-ликæйы уазджытæн фенын кæн-дзысты Дзæуджыхъæу, Куырттаты ком æмæ йæ цымыдисаг историон цыртдзæвæнтæ, Мамысонгом æмæ йæ суардæттæ. Фылдæр рæстæгмæ чи ссыд, уыцы туристты ма аласдзысты Дыгургоммæ дæр. Уæдæ туристты суазæг кæнынц этнотематикон «Алайнаг изæр»-ы, равдисынц æмæ сын радзурынц ирон фынгæвæрды тыххæй, фæндырдзагъд æмæ кафтæй саив кæнынц улæфтизæр. Уазджыты сæ фæндонмæ гæсгæ симдмæ дæр рахонынц.
– Махмæ ссæуы тынг хорз туристтæ Уæрæсейы алы рæттæй, хуымæтæг æмæ ахуыргонд адæм сæ бинонтимæ, се ‘мкусджытимæ. Зæрдиагæй сæ фæнды нæ адæмы истори, культурæ, нæ царды-
уаг хæстæгдæр базонын. Хъыг мын вæййы, иуæй-иу блогертæ алы æнæзæрдæмæдзæугæ хабæртты туристты кæй фæ-азымджын кæнынц, уый. Мах нæ гидтæй домæм, цæмæй сын экскурсийы размæ амоной, хи кæм куыд дарын хъæуы, уый, æмæ æндæр хицæндзинæдтæ, – зæгъы Светланæ.
Нæ газеткæсджытæ хорз хъуыды кæндзысты Интернеты ныхас, туристты кувæндæттæм ма уа-дзын, зæгъгæ, суанг ма иу бынаты дæр хъаугъатæ рауад. Къордгай цы туристтæ цæуынц, ома, турфирмæтимæ бастдзинад кæмæн ис, уыдонæн гидтæ æмбарын кæнынц кувæндæтты сыгъдæгдзинад, сæ нысаниуæг, хи дарыны фæтк. Туристты дæр фæфæнды сæхи Хуыцау æмæ дзуæрттыл бафæдзæхсын, сыгъдæг хъуыдытимæ сæвæрынц сæ мысайнæгтæ. Ацы фарстамæ алыхуызон цæс-тæнгас ис, фæлæ бынтон цæхгæр куы уæм, уæд уый дæр раст у æви нæ? Хуыздæр уаид, алы ахæм локаци дæр ифтонг куы уаид æмбарынгæнæн æрмæгæй.
Æрæджы республикæйы тур-оператортæн уыд фембæлд цæдисон Республикæ Беларусы ацы къабазы минæвæрттимæ. Дыууæты ‘рдыгæй дæр ис фæндон æмæ ныфс фидæны æмгуыстадыл. Белорусаг уазджытæ федтой Дзæуджыхъæу, разыйæ баззадысты нæ горæты фæлгонцад æмæ адæмæй, нæ уазæгуарзон-дзинад æмæ уынгты сыгъдæгдзинадæй, уæлдай дисы сæ бафтыдтой нæ хæхтæ. Хъуыддаджы фембæлды рæстæг æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: дыууæ респуб-ликæйы ‘хсæн хъæуы комкоммæ уæлдæфон бастдзинад. Уæд дыу-уæрдæм дæр туристтæ кæй цæу-дзысты, уый дызæрдыггаг нæу.
Бæстæйы мидæггаг туризмы рæзты бæрæггæнæнтæй иу у, уалдзæджы æмæ сæрды рæстæг туристтæ фылдæр фæсарæнтæм цæудзысты æви ам баззайдзысты, уый. Ныридæгæн Дзæуджыхъæуы фысымуæтты бынæттæ рагагъоммæ фидаргонд æрцыдысты, уæлдайдæр та – майы улæфтуадзæн бонтæм, уымæн æмæ уæрæсе-йæгтæ нæ республикæмæ зæрдиагдæрæй райдыдтой цæуын.
– «Мамисон Тревел» кусы къæлиндармæ гæсгæ. Ома, ацы куыст рæстæджы афонмæ гæсгæ нæ цæуы, фæлæ алы бон дæр æмбæлæм туристтыл, – æмбарын кæны Светланæ.
Ахæм фæткыл кусын сæ домы ацы къабазы конкуренци. Стыр æргом здæхт цæуы маркетингы домæнтæм, фадæттæ аразынц, цæмæй ма туристты бафæнда нæ республикæмæ ссæуын. Уымæй уæлдай, туроператор йæ æмархайæг агентадтæй домы æхцайы электронон зилдух, æмæ уый фæрцы республикæйы бюджетмæ цæуынц хъалонты æфтиæгтæ. Уæдæ дыууæ азы дæргъы кæнынц дыу-уæтæн дæр пайдайаг æм-гуыстад бынæттон автоколоннæимæ.
Ацы туроператормæ ис фидæны нысæнттæ, сæ иу баст у «Мамысон»-ы курорты райрæзтимæ, æмæ сын æмхуызон нæмттæ кæй ис, уый пайда йеддæмæ æвзæры хос нæ уыдзæн. Респуб-ликæйæн дæр ахæм æмгуыстад хæсдзæн æфтиæгтæ, цæрджытæн та – ног куысты бынæттæ.
Мамиаты Лолитæ