Ноджы фылдæр пайда хæссын

0
89

Нæ уарзон газет «Рæстдзинад»-ы уавæр сæ хæрзтæй нæу, зæгъгæ, арæх райхъуысы. Нæ бон вæййы, газеткæсджытæ баххуысæн цы мадзæлттæ хæссынц, уыдон бафиппайын. Фылдæры фæнды уæлдæр хицауады ‘рдыгæй комкоммæ æххуыс райсын, уæдæ бонджынтæ дæр мæгуыртæн цæмæй газет рафыссой, уый дæр фæбæрæг кæнынц. Уымæй уæлдай, йæхи ирон чи хоны, уыдонмæ дæр хæстæ хауынц…

Азтæ азты ивынц, «Рæстдзинад»-ы тираж та къаддæрæй-къаддæр кæны. Уый фæдыл мæ фæнды мæ хъуыдытæ зæгъын. Нæ мыггаджы æртæ лæппуйæ бинонты хъуыддаг нæ бакодтой, мæхæдæг дæр сын-иу загътон, кæдæм ацæуон минæвар, зæгъгæ. Фæлæ мын мæ ныхасæн аргъ не скодтой. Дыу-уæйæ ма дзы æхсай азмæ базмæлыдысты, иннæ лæ-дзæджы æнцæйтты цæуы. Ахæм дæнцæгтæ алы мыггаджы, хъæуы, сыхбæсты дæр – дзæвгар.
Лæппутæ устытæ нæ курынц, чызджытæн та цы кæнгæ у?! Кæддæр мын «Рæстдзинад»-ы кусæг Багаты Аврам афтæ загъта: «Ирон адæмы уæлдæф куыд хъæуы, афтæ сæ хъæуынц сывæллæттæ дæр, æмæ йæ не ‘мбарынц». Цалдæр азы размæ алы ирон бинонтæ дæр хастой фæйнæ иунæг сывæллоны. Ныр сын уавæр аивынæн фидынц стыр æхца… Уымæй ма худинагдæр цы уа: дæ зæронды бонтæ цæмæй æнæмæтæй æрвитай, уый тыххæй дын – æхца… Фæлæ æрмæст æхцайæ уавæр аивæн нæй.
Газет æппынæдзух фыссы, къайад цалæй сарæзтой æмæ йæ фехæлдтой, уый. Ис мад, ис фыдæй сывæллæттæй сидзæртæ рауайы. Нæ хицауад иу сабийы дæр æнæ дарæс, æнæ хæринаг нæ ныууадздзæн, уæдæ сын хæ-дзæрттæ дæр дæтты. Фæлæ мад, фыды чи баивдзæн?! Къайад кæй фехæлы, уым аххосджын сты чындзытæ: паддзахады ‘хцайæ сныфсджын сты, ницыуал хатыр кæнынц сæ мойтæн, се ‘фсинтæн. Амонын сын хъæуы æппæт лыстæг хъуыддæгтæ дæр, зæгъæм, æнæ фыдæй сывæллон раст хъомылгонд кæй не ‘рцæудзæн. Уæлдайдæр – лæппу, уымæн æмæ галиу фæндагæй тæссаг у.
Ахæм фарстатыл фыссынæй уæлдай, газет хъуамæ куса æрыгæттимæ дæр, алцыдæр сын амона. Махæн, хистæртæн дæр, æмбарын кæна, куыд кусгæ нын у, уæд алы ирон хæ-дзары дæр йæ бынат бæрæг уыдзæн. Мæн фæнды, цæмæй газеты фæрстыл фæзыной æрмæджытæ хуымæтæг, фæлæ æмбаргæ адæймæгтыл, сæ зондахастыл, сæ архайдыл. Арæх газет мыхуыр кæны æнæхъæн фæрстæ алыхуызон культурон æмæ сфæлдыстадон кусджыты тыххæй. Фæлæ æппæт лыстæг хабæрттæ алкæй нæ хъæуынц, зæгъæм, фысджытæн ахсджиаг сты, æмæ сæ зонгæ дæр кæнынц. Фæлтау газеты фæрстыл мыхуыргонд цæуæнт ахсджиагдæр хъуыддæгтæ, адæмæн хъæугæ чи сты, ахæмтæ.
Газеты вæййы цъыфкалæн ныхæстæ дæр, уый та йыл фидаугæ дæр нæ кæны. Уæртæ, дам, иу зындгонд фыссæг уарзта Туацъæмæ цæуын æмæ уым фыссын. Уым, зæгъы, калд уазал суадон, йæ хæл-хæлмæ, дам-иу, уæларвæй курдиæттæ иууылдæр фыссæгмæ æркалдысты, йæ хуыздæр куыстытæ уым фыста… Ног цардаразджытæ Туацъæ бахуым кодтой, суадон дæр бахус… Уыцы фыссæг ма бæргæ æрбацæуы Туацъæмæ, фæлæ йæм суадоны хæл-хæл нал хъуысы, кæцæй ма йæм фæзына курдиат?!.
Ног цардаразджытæ Туа-цъæйы хор æрзайын кодтой, адæм æххормаг нал уыдысты… Уыцы фыссæг Туацъæйы суадоны былгæрон бада, Хуымæллæджы æнгузы бын, уæлдай нæу, ныффысдзæн уæддæр. Уæдæ 1933-1935 азты æмæ 1941-1947 азты адæм сыдæй кæй мардысты, уый тыххæй дæр зæгъон. Колхозтæ сарæзтой 1935 азы, уалдзæджы, уый размæйы дыууæ азы æххормагмæ уый цы бар дары. Фæззæ-джы колхозонтæ хорз хор систой, адæм æххормаг нал уыдысты. 1941-1947 азты æххормагæн та аххосджын у Гитлер, уый райдыдта хæст. Уæд æфсæст ничи уыд, тохы фæстæ ма дыууæ азы уыдысты тыхст, æххормаг.
Хæсты тынг бирæ адæм фæмард, уыдысты куыстхъом, æрыгон лæппутæ æмæ нæлгоймæгтæ. Зæххытимæ фылдæр куыстой сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. Æрдз дæр галиумæ рацыд адæмыл: 1946 азы тыхджын уарынтæ сагъуыдыс-ты, хортæ бамбыд сты, 1947 азы иу æртах дæр не ‘рхауд, къубырыл хъаз цы стыдтаид, уый кæрдæг нæ уыд. Хортæ басыгъдысты, фæлæ дарддæр хор тугыл аскъуыд. Хæринагыл карточкæ ивд æрцыд. Тыхсын газеты уавæрыл, фæнды мæ, цæмæй адæмæн фылдæр пайда хæсса. Мæ фыстæг та зондамонæн нæ, фæлæ курдиат у.
«Иры Стыр Ныхас»-æй курын, цæмæй, цы хъуыддæгты фæдыл фыссын, уыдонмæ йе ‘ргом аздаха. Фылдæр кусæд рæзгæ фæлтæртимæ, хистæртæн дæр амонæд, куыд хуыздæр, куыд растдæр аразын хъæуы куыст, уыдæттæ. Ныртæккæ «Иры Стыр Ныхас»-ы сæргъы æрлæу-уыд Уататы Зелим. Мæ курдиæттæ гæххæттыл кæй нæ баззайдзысты, уый мæ уырны.

Дойаты Костя,
Бæтæхъойыхъæуы цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here