Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Асланы номыл уæгъдибар хъæбысхæсты академийы хъæбысæйхæцджытæн сæхи цæттæ кæнынмæ цы уавæртæ арæзт ис, уыдон сæхимæ ’лвасынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг бæстæты богæлттæ æмæ сæ тренерты дæр.
Мæнæ та ацы бонты дæр академийы бæстыхайы æрбынат кодтой æмæ сæхи фидæны ерыстæм цæттæ кæнынц дыууæ сæдæйæ фылдæр богалы. Сæ тренерты разамындæй бындурон куыст кæнынц Уæрæсейы фæсивæдон æмæ хистæр кары иугонд командæтæ, Ирыстон, Турк, Азербайджан, Греци, Болгарийы иугонд командæты богæлттæ.
Уæрæсейы фæсивæды (23 азы онг) иугонд командæйы хистæр тренер Мæргъиты Анатоли кæд бирæ рæстæг цæры æмæ кусы Мæскуыйы, уæддæр арæх ссæуы Ирыстонмæ йæ дæлбар уæвæг командæйы уæнг-тимæ. Мæнæ та ацы хатт дæр зæрдиагæй архайы фæсивæдон кары богæлтты, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр бацæттæ кæныныл.
Академийы уавæрты тыххæй зæгъы: «Æз мæ бæрны уæвæг богæлттимæ Дзæуджыхъæумæ фæтырнын канд мæхиуæтты, мæ хæстæджыты феныны тыххæй нæ, фæлæ ма уымæн æмæ, Хæдарцаты Асланы номыл академийы цы уавæртæ ис, уыдонæй хуыздæр æндæр рæтты зын ссарæн у. Мæнæ та ныр дæр, ацы ран уал фæсарæйнаг богæлтты командæтæ кæй цæттæ кæнынц сæхи, уый ууыл дзурæг у. Мах нæ богæлтты цæттæ кæнæм, ацы сæрды чи цæудзæн, уыцы бæрнон ерыстæм. Уыдонæй сты Уæрæсейы æмæ дунеон чемпионаттæ хистæр кар æмæ фæсивæды ’хсæн. Тынг нæ фæнды, уыцы ерысты ирыстойнаг лæппутæ хуыздæртимæ цæмæй уой, уый».
Академийы уавæртæй тынг разы сты фæсарæйнаг уазджытæ дæр. Зындгонд туркаг богал, дуне æмæ Европæйы чемпион Таха Акгюль уый тыххæй загъта: «Мах тынг разы стæм, Ирыстонмæ кæй æрбацыдыстæм нæхи цæттæ кæнынмæ, уымæй. Ам ис диссаджы хорз уавæртæ алцæмæй дæр. Цы – уæ æрдз, цы – уæ хæринаг, кæнæ уазæгуарзон адæм! Зыдтам, Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæстæй бирæ амæй-ай кадджындæр богæлттæ кæй уыди æмæ ис, уый, фæлæ ма ныр зонæм, ам цавæр зæрдæхæлар адæм цæры, уый дæр. Стыр бузныг зæгъæм нæ фысымтæн! Турчы богæлттæм абоны онг Олимпиаг хъæзтытæм лицензитæ дыууæ уæзы ис, æмæ нæ размæ ис хæс ноджыдæр ма цыппар лицензийы рамбулын. Уырны нæ, уый нæ къухы кæй бафтдзæн».
Ирыстоны богæлтты размæ цы нысантæ ис, уый тыххæй нæ республикæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Кцойты Сослан загъта: «Ацы ахуырты ныртæккæ сты, куыд хистæр кары, афтæ фæсивæдон командæйы богæлттæ дæр. Нæхи цæттæ кæнæм Уæрæсейы чемпионатмæ æмæ Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм фæсивæды (21 азы онг) ’хсæн. Фæсивæдон ерыстæ 21-23 апрелы цæудзысты Грознайы. Уым æвзæрст цæу-
дзысты, Уæрæсейы иугонд командæйы уæвгæйæ, дунеон ерыстæм чи ацæудзæн, уыцы богæлттæ. Хистæр кары богæлттæн сæ размæ ’вæрд хæстæ баст сты дунеон чемпионат æмæ Олимпиаг хъæзтытæм ацæуыны нысанимæ. 30 апрелæй 4 маймæ Мæскуыйы цæудзæн Уæрæсейы чемпионат. Уым бæрæггонд цæудзысты, ацы аз дунеон чемпионат цы цыппар уæзы цæудзæн (61, 70, 79, 92 кг), уыдоны Уæрæсейы кад чи хъахъхъæндзæн, уыцы богæлттæ. Нæ бæстæйы чемпионаты бæрæггæнæнтæ фæахаддзысты, Уæрæсейæ Олимпиаг хъæзтытæм балцæгтæ чи райсдзæн, уыцы богæлтты нæмттæ сбæлвырд кæныныл дæр. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы богæлттæ амæй размæ лицензитæ бакуыстой Олимпиаг хъæзтыты æхсæз уæзæй алкæцыйы дæр, фæлæ уыцы уæзты нæ бæстæйы номæй олимпиаг гауызмæ чи рацæудзæн, уыдон иууылдæр бæрæггонд нæма сты. Нæ зæрдæ дарæм, куыд дунеон чемпионаты, афтæ, Олимпиаг хъæзтыты дæр ирон богæлтты
нæмттæ кæй фехъусдзыстæм, ууыл».
Баскаты Уырызмæг