9 Майы Æфсæддон намысы горæт – Дзæуджыхъæуы ацыд Уæлахизы парад. Трибунæйы кадджын уазджытæ уыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, вице-адмирал Сергей МЕНЯЙЛО, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим.
Парад райдыдта зарæг «Священная война»-йы зæлтæм Уæлахизы тырыса фæзмæ рахæссынæй. Уый фæстæ нæ республикæйы Сæргълæууæг мадзалы архайджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта æмæ загъта, фашизмы ныхмæ тохы советон адæм цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, знаджы нæ бæс-тæйæ кæй фæтардтой, уый тыххæй.
– Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæма фæци, цалынмæ æбæрæгæй сæфт фæстаг салдаты ном не сбæрæг уа æмæ фашизм бындзарæй нæ сыскъуыйа, уæдмæ. Карздæр хæстытæй иу нæ зæххыл æрцыд. Советон æфсад бæрзæйсæттæн цæфтæ ныккодта гермайнаг лæгмартæн. Никæмæн ис бар нæ фыдæлты зæххыл цъыф къахæй лæгæрдын, нæ сывæллæттæм, мадæлтæм, хотæм æвзидын.
Ирыстоны ахæм хæдзар нæй, хæсты азар кæй нæ басыгъта. Алы дыккаг хæс-тон дæр нал æрыздæхт тохы быдырæй, æмæ сын сæ къамтæм ныр кæсæм, нæ зæрдыл сæ дарæм. Уыдон хæстæгдæр кодтой Уæлахиз, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, сæ цард нывондæн хастой нæ бæс-тæйы сæрвæлтау. Уæд советон адæм æнхъæлдтой æмæ фашизмæн кæрон скодтой, фæлæ фæрæдыдысты. Залиаг калмæн та йæ байзæддæгтæ абон Украинæйы сæ сæр сдардтой æмæ Донбассы сабырцæрæг адæмы удхарæй марынц. Цæгъдынц сæ, нал æфсæдынц тугæй. Ногæй та цæуы лæгæвзарæн тох. Нæ хъæбатыр фæсивæды ныхмæ æрлæууыдысты Ны-
гуылæны паддзахæдтæ.
Хуымæтæг ныхæстæй ра-дзурæн нæй нæ хæстонты хъæбатырдзинады фæдыл, цы уавæрты тох кæнынц, цæмæй фашизмы фарсхæцæг неонацисттæ дæрæнгонд æрцæуой, ууыл. Æмæ нæ алкæй дæр уырны, ацы хатт знагæн йæ кæрон кæй æрцæудзæн, уый, Уæлахиз та уыдзæн мах, – загъта Сергей Меняйло.
Парадæн разамынд лæвæрдта 58-æм Æфсады командæгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Игорь Гвозденко.
Сæрибары фæзы фидар маршæй рацыдысты 58-æм Æфсады æфсæддонтæ, ротæтæ æмæ батальонты иугондты хæйттæ, Мид-хъуыддæгты министрад æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты, Цæгат Кавказы суворовон училищæйы минæвæрттæ, æвзонг æфсæддонты къордтæ æмæ кадетон кълæсты хъомылгæнинæгтæ.
Сæрибары фæзы адæм цымыдисæй кастысты Уæрæсейы Федерацийы Гæрз-ифтонг тыхты æфсæддон нырыккон техникæйы
иуæгтæм дæр. «Механизированная колонна» кæй хонынц, уый хыгъды уыд танк «Т-90М», æфсæддон машинæтæ «БМП-3» æмæ «БМП-2», ногдæр бронетранспортертæ, оперативон-тактикон ракетæты комплекс «Искандер-М», бирæнысанон хæдтулгæ «Урал», æртæбынатон «мотовездеход», хъахъхъæнæн техникæ «Ахмат», «Камаз-6350» æмæ Дзæуджыхъæуы гарнизоны æфсæддон комендатурæйы сæрмагонд техникæ. Парады архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы æфсæддонтæ дæр.
Парады фæстæ дарддæр бæрæгбоны мадзæлттæ цыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы. Ацы ран саходæн уыдис салдаты касæй, Дзæуджы-
хъæуы сфæлдыстадон къордты хъомылгæнинæгтæ та сæ арæхстдзинад æвдыс-той хæсты темæйы нывты конкурсы. Абайты Васойы номыл Социалон æмæ гуманитарон иртасæнты инс-титут та бацæттæ кодта, институтæй хæсты быдырмæ чи ацыд, уыцы хæстонты къамты равдыст.
9 май кæд хурбон æмæ райдзаст нæ уыд, уæддæр адæм цин кодтой Уæлахизы уалдзæгыл, сæ сабиты æрвылбоны дарæс хæсты азты дарæсæй раивтой æмæ сæрыстырæй сæ къухты хастой сæ ветеранты къамтæ.
Саутæты-Дадтеты
Тамилæ
Къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова