Бæрæгбон Хæзныдоны

0
119

Фыдохы бонты Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырмæ ацыд нæуæдз фондз мин адæймаджы. Æрмæст Хæзныдоны хъæуæй хæсты уыд цыппар сæдæйы. Бирæтæ дзы нал сыздæхтысты.

Фарон Культурæйы хæдзары цы æмбырд уыд, уым цæрджытæ рахас-той уынаффæ сæнусон кæнын, чи нал сыздæхт тугкалæн хæстæй, уыдоны æмæ ма чи æрыздæхт, фæлæ абон нал ис, уыдоны нæмттæ. Уыцы хъуыдыимæ æмбырды раныхас кодта, фыццаджыдæр йæ зæрдæйы кæмæн уыд уыцы хъуыд-даг, уый – амалхъом, хæзныдойнаг Уаниты Юри. Уый фарон хъæ-уыхицау Геккиты Рамазанмæ бахаста фæндон æмæ йын загъта, йæхимæ кæй исы уыцы хъуыддаг, æмæ бацархайдта йæхи хъарутæ æмæ йæхи хардзæй æдзард хæстонты къамтæй сфæлгонц кæнын ацы табу-йаг ран.
9 майы Культурæйы артдзæсты кæртмæ æрæмбырд ис бирæ адæм: хæсты æмæ фæллойы ветерантæ, хъæуы цæрджытæ, скъола-дзаутæ, ахуыргæнджытæ, уазджытæ алы хъæутæй, стæй Дзæуджыхъæуæй.
Культурæйы хæдзарæй æппæт хъæубæстæм зæлыд хæстон зарджытæ. Ахуырдзаутæ рæгъæй цалдæр хатты æрзылдысты цыртдзæвæны алыварс, стæй æнусон арты раз цыртдзæвæныл сæвæрдтой сырх дидинджытæ. Сæ намыс æмæ кадæн скъоладзаутæ барæвдз кодтой сæхи, радзырдтой æмдзæвгæтæ.
Тохы бонты сæрибардзинады сæрвæлтау цы хъæбатырдзинад равдыстой хæзныдойнаг хæстонтæ, уыдоны тыххæй сæ раныхæсты дзырдтой æмбырды уæвджытæ, хъæуы разамынд. Ацы æнкъард бæрæгбоны бирæтæ сæ цæссыг нæ урæдтой. Бæрæгбон чи амыдта, уыдон сæрыстырæй ранымадтой, алы мыггагæй, алы хæдзарæй дæр чи ацыд æмæ чи архайдта хæсты быдыры лæгæвзарæн тохы, уыдоны нæмттæ.
Кæронбæттæны адæм стыр бузныг загътой Уаниты Юрийæн, йæ фæндон кæй сæххæст кодта æмæ хорз, хъæугæ хъæппæрисдзинад йæ лæггадæй кæй равдыста, йæ райгуырæн зæххыл, йæ фыдыуæзæгыл æнувыд кæй у, уый тыххæй.
Уæлахиз у, Юрæ!

Бызыккаты Земфирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here