«Уæлахизы бархионтæ»

0
96

Райгуырæн бæстæйæн æнæзæрдæхудтæй чи лæггад кæны, йæ сабырдзинад ын, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ чи хъахъхъæны, уыцы хъæбатыр хæстонтæн баххуыс кæнын сæ хæсыл банымадтой Црауы хъæуы сылгоймæгты къорд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ахсджиаг чи у, ахæм хызтæ ныр сбыдтой фæндзай.

Алы кары, алы дæсныйæдтыл хæст сылгоймæгты иу кæны сæ иумæйаг бæллиц, фыццаджыдæр, æмзæххонтæн баххуыс кæнын, стæй дунейыл сабыр цардмæ чысыл æвæрæн бахæссын.
«Зæрдæйæ-зæрдæмæ», – афтæ схонæн ис, цы хъæугæ куыст кæнынц, уый.
Гæдзалаты-Джыгкайты Фатимæйæн йæ лæппу Солтан æфсæддон операцийы архайы йæ райдайæнæй: «Нæ хъуыдыйы рагæй уыд истæмæй баххуыс кæнын хæстонтæн, бафæлвæрдтам цъындаты куыст кæнын дæр. Фехъуыстам, Алагиры аргъуаны хызтæ бийынц фронтæн, зæгъгæ. Мæ хорз сыхаг, Есенаты Ритæимæ сæм фенынмæ бацыдыстæм. Æхсызгонæй ныл сæмбæлд сауджын, фыд Гай. Сæ куысты сусæгдзинæдтимæ нæ базонгæ кодтой. Цæй, уæдæ нæхимæ дæр бафæлварæм ахæм хызтæ бийын, сфæнд кодтам мах. Нæ курдиатимæ уайтагъд сразы ис хъæуы администрацийы сæргълæууæг Бутаты Тамерлан. Раздæры афтечы бæстыхайæ нын дæгъæлтæ радта. Абоны онг дæр алы хъуыддаджы вæййы нæ фарсмæ. Стыр бузныг зæгъæм, Црауы дыргъдон «Владка»-йы разамындæн, æхцайæ нын баххуыс кодтой. Райдыдтам 51-æм хыз бийын, фæлæ Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ иннæ юбилейон хыз мауал бахъæуæд, дуне басабыр уæд», – зæгъы Фатимæ.
Куыд райдыдта куыст, уый ничи радзырдта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы куысты бирæ лыстæг фæзилæнтæ ис. Хорз адæмы æххуысæй сæм фæзынд, фидæны хызæн йæ бындур, хыз, цæуыл аивазынц, ахæм хъæдæй конд станок. Дзæуджыхъæуы, Кутузовы уынджы, æрбынæттон ис фронтæн æххуысы регионалон штаб «С любовью из Осетии», йæ хицау Верæ Бартелы архайдæй, црайуæгтæн равдыстой хыз бийыны дæсныйад. Бархионты æхсæнадон штабы ма аразынц акъоппыты мыдадзын цырæгътæ, хæссæнтæ, хуыйынц хæдæттæ, цæттæ кæнынц хойраджы продукттæ.
Афтæмæй, ивгъуыд азы октябры куыст райдыдта. Сæхи æмæ амалхъом адæмы æххуысæй амал кæнынц хъæугæ æрмæг. Хъуымацы стыр тыхтонтæ горæты заводы ныллыг кæнынц уаццæгтыл. Сæ хуыз æрдзимæ иу вæййы, афтæмæй æфсæддонтæ сæ техникæ хъахъхъæнынц знаджы цæстæнгасæй.
Сылгоймæгты къордæй чидæртæ кусгæ кæнынц, хæдзары ‘фсинтæ та сæ кæрты, сæ цæхæрадоны зилæнтæ куы акæнынц, уæд бæрнон куыстмæ атагъд кæнынц. Сæ рæстæг, сæ уды хъарм дзы æвæрынц. Рæстæгимæ сæм фæлтæрддзинад дæр фæзынд, ныр «Уæлахизы бархионтæн» сæ къухты змæлдыл цæст нæ хæцы. Фæлæ уый æрмæст къухты арæхстдзинад нæу.
Иунæг хъуыды сæ разæнгард кæны – иу салдаты уæддæр куы аирвæзын кæнæм, уæд уый дæр амонд у.
Раппæлинаг куыст кæнынц æмхуызонæй. Нартыхъты-Саккаты Рая – клубы раздæры кусæг, Тохсырты-Туаты Анджелæ – администрацийы кусæг, Æмбалты Ритæ æмæ Абайты Фаинæ – ахуыргæнджытæ, Гогаты Иринæ та посты хайады кусæг – сæ уæгъд рæстæг уайынц сæ дыккаг бæрнон куыстмæ. Уæлдай бузныджы аккаг сты 85-аздзыд Джелыты Риммæ æмæ пенсиисæг Бекъойты Валя – æнæзивæг æмæ фæзминаг сты. Тохсырты Людæйы лæппу Эльбрус сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг у, отпусчы уыд æмæ фæстæмæ цæугæйæ йемæ аласта хыз, бирæ арфæйы ныхæстæ фехъуыстой уый фæстæ сылгоймæгтæ хæстонтæй.
Хыз куы сцæттæ вæййы, уæд Абайты Аслан, кæнæ Гæдзалаты Солтан хæдзары куы сæмбæлы, уæд æй фæхæццæ кæнынц штабмæ. Цраумæ бацæуæны Хуыцауы дзуары нывæфтыд ис, уыцы нысан, стæй арфæйы фыстæджытæ сæвæрынц хызтимæ. Ныр сæ фенæн ис Херсоны облæсты телыхъæдтыл ныхæстæй.
Куыд базыдтам, афтæмæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Црауæй архайынц 23 лæппуйы, хъыгагæн дзы иу фæмард, æртæйæ та æбæрæгæй фесæфтысты.
«Цас хъæуа, уыйбæрц хызтæ сбидзыстæм, æрмæст ацы фыдбоны хæст фæуæд», – зæгъынц црайуаг сылгоймæгтæ. Сæ къухты æмæ зæрдæйы хъарм кæм бавæрдтой, уыдон, æцæгæйдæр, бахъахъхъæнæнт нæ салдæтты тыгъды быдыры. Алчидæр йæ бинонтæм удæгасæй, æнæнизæй æмæ уæлахизæй здæхæд.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here