«Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлар

0
97

Абон ахæм дуг ралæууыд, æмæ Интернеты, «нымæцы» уацары бахаудыстæм, зæгъын æмбæлы, цæрæм уыдон мидæг, куы акæсай, уæд сывæллон хъазгæ нæ фендзынæ. Телефонтæм æдзынæг кæсынц. Сæ ныййарджытæ дæр сæ хъомыладон хæстæ уыдоны бар бакодтой, бирæты дзы не ‘вдæлы сæ зæнæгмæ бынмæ æркæсынмæ – хæринаг скæной – равæрынц æй социалон хызты æмæ «лайктæм» æнхъæлмæ кæсынц. Искæдæм ацæуой – сæ хуызтæ равæрынц… Уый дæр куыст у, уæдæ цы! Кæм сын ис рæстæг хъомыладон фарстатæм сæхи аздахынмæ. Уый хыгъд нæ кæсынц газеттæ, цы дам, дзы бакæсæм, ног хабæрттæ, дам – телефоны.

Афтæ, газетты тиражтæ азæй-азмæ ныллæгдæр кæнынц. Уыцы хъысмæтæй «Рæстдзинад» дæр нæ фæивгъуыдта. Фæлæ нæ фыццаг фæхæцæн сты, иузæрдион ыл чи у, бирæ азты дæргъы йæ æнæмæнг чи рафыссы æмæ йæ кæсы, уыцы хистæр фæлтæр.
Иуæй-иутæ дзы арæх абæрæг кæнынц редакци дæр, уæдæ цы сыхты, хъæубæсты цæрынц, уым та сты «агитатортæ», архайынц, цæмæй йæ фылдæр адæм рафыссой. Уыцы фарсхæцджытæй иу у нæ кадджын хистæр Гæлæбуты Мухарбег. Газеткæсджытæ йæ хорз зонынц, арæх ын мыхуыр кæнæм йæ уацхъуыдтæ æхсæнадон социалон риссаг фарстатыл, «Рæстдзинады»-ы хъысмæтыл тыхсы, æмæ нæ бафæндыд йæ цардвæндагыл ын афæлгæсын.
Нæ уацхъуыды хъайтар дунейы рухсмæ фæзынд 1939 азы Æрæфы районы Сырх-Дыгуры хъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ 1961 азы Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы сахуыр кодта промышленнон æмæ граждайнг арæзтады техник-аразæджы дæсныйадыл, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты æмæ сси инженер-аразæг.
Йæ фæллойадон фæндаг хъæздыг æмæ дæргъвæтин у, йæ фыццаг къахдзæфтæй бæрæг уыд, фидар зонындзинæдты хицау кæй у, йæ фæлтæрддзинад та азæй-азмæ хъæздыгдæр кодта. Бирæ куысты бынæттæ аивта, æмæ уый, нæ дзы бафæрæзта, ницæйаг специалист уыд, уый аххосæй нæ, фæлæ йæ дæсныйады ахадгæ къахдзæфтæ кæй кодта æмæ экономикон къабазыл рæстмæ кæй зындысты, уый тыххæй. Йæ къухвæд ныууагъта Фыййагдоны хъæздыггæнæн фабрикæ, Цæлыччы хъæуы бирæфатерон хæдзæрттæ, скъола æмæ рæвдауæндон, Хуымæллæджы хъæуы цалцæггæнæн
бæстыхæйттæ, Кировы районы Жданов æмæ Карл Марксы номыл колхозты хъомдæттæ, Сунжæйы Культурæйы хæдзар æмæ колхоз «Хæлардзинад»-ы правленийы агъуыст, Тарскæйы клуб, Октябрыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндон, Дзæуджыхъæуы маргъдарæн фабрикæ æмæ бирæ æндæр царды уагыл ахадгæ объекттыл… Чи сæ фæуыдзæн нымад. Йæ куысты хъæд алкæмдæр бæрæг дардта, уый тыххæй бирæ арфæйы дзырдтæ фехъуыста æмæ хæрзиуджытæй хорзæхгонд æрцыд Мухарбег.
Советон дуджы хъæууонхæдзарадон къабазмæ дæр Гæлæбуйы-фырт стыр æвæрæн бахаста – 1983 азы йæ снысан кодтой республикæйы Хъæууон хæдзарады министрады гуырдзуадзæн станцæйы арæзтады директорæй, æмæ сцæттæ дыууæ азмæ. Дарддæр дæр ацы министрады бæрнон бынæтты бакуыста бирæ азты, пенсимæ та йæ афæндараст кодтой хæлцы æмæ хомаг куыстгæнæг промышленносты арæзтады директоры хæдивæджы бынатæй.
1959 азæй нырмæ Мухарбег дзæуджыхъæуккаг у. Йæ цардвæндагыл зындзинæдтæ дæр куыд нæ уыд – сидзæрæй схъомыл, «хæсты сывæллон» уæвгæйæ, куыд фæзæгъынц, бирæ хъыцъыдæттæ банызта. Фæлæ фæсмойнаг ницæмæй у. Хорз бинонтæ сарæзта йæ цардæмбал Цъопбойон Ольгæимæ. Ольгæ дæр у фæллойы ветеран, бирæ азты бакуыста базарадон къабазы. Дыууæ æмкъайы кæрæдзи нымайгæйæ фæцардысты, рантысти сын цыппар чызджы. Сæ цотæн раст хъомылад раттой, сæ хуыздæр миниуджытæй сæ фæхайджын кодтой, æмæ дзы алчидæр, уæлдæр ахуырад райсгæйæ, йæ амонд ссардта. Эльвирæ, Альбинæ, Людæ æмæ Оксанæ лæууынц бæрнон куыстыты сæргъы, фæзминаг чындзытыл нымад сты Гуæздæрты, Хуытъинаты, Тыбылты æмæ Сæлбиты мыггæгты ‘хсæн, сæ ныййарджытæн балæвар кодтой фæзминаг кæстæртæ.
Мухарбегыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр ма активонæй архайы æхсæнадон царды. Газет «Рæстдзинад»-ы рафыссыны хъуыддагыл зæрдиагæй архайы, уый фæдыл ма нæ республикæйы Сæргъ-
лæууæг Сергей Меняйломæ писмо дæр ныффыста. Йæ бон куыд у, афтæ йæ парахат кæны йæ зонгæты, сыхæгты, мыггаджы ‘хсæн.
Гæлæбуты мыггаджы тыххæй Мухарбег чиныг сарæзта, биноныгæй йыл бакуыста, æрæмбырд кодта æрмæг. Уый стыр лæвар у Гæлæбуты абоны æмæ фидæны фæлтæртæн, чи сты, кæцæй, мыггагæн кад чи скодта, уый базонынæн – хорз фæрæз.
Нæ газеты æнæштатон уацхæссæгæн йæ уарзон бинонты ‘хсæн Хуыцау бирæ цæрæнбон раттæд æнæниз æмæ æнæмастæй. Йæ кæстæрты хорз хъуыддæгтæй йæ зæрдæ рухс куыд кæна, Дунескæнæг ын ахæм арфæ ракæнæд.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here