Рекомы бæрæгбон райдайы июны дыккаг сабаты æмæ ахизы хуыцаубонмæ. Йæ сæйрагдæр кувæндон ис Цъæйы комы æмæ йæ равзæрд Нарты кадджытæм гæсгæ нымад цæуы, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй.
Иннæ дыууæ цæссыгæй Мыкалгабырты кувæндон равзæрд Зæрæмæгмæ æввахс ран, Таранджелос та – Тырсыгомы. Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны – Хохы Санибайы сæрмæ, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар Ирыстоны – Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. Йæ сæйраг куывды бон Цъæйы вæййы, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Кæрдæгхæссæны хæдразмæ сабаты. Æмæ дзы кувынц Рекомы Уастырджимæ.
Иу таурæгъ та Цъæйы Рекомы тыххæй дзуры, зæгъгæ, рагзаманты Уастырджийы бафæндыд ирон адæмæн Цъæйы комы æвæджиау кувæндон саразын. Цæмæй йын уым йæ ном арой хæстон балцы цæугæйæ, æмæ уæлахиз кæной. Уый тыххæй Уастырджи йæ галтæ баифтыгъта æмæ сæ арвыста хæхты сæрты хуссары хъæдмæ, æппындæр æмбигæ чи нæ кодта, ахæм бæлæстæй хъæдæрмæг ласынмæ, хъæды бæлæстæ-иу сæхæдæг хъæдæрмæг кодтой æмæ сæхи хъæдæй æвгæд цыдысты уæрдæтты. Стæй-иу цæды галтæ æнæискæй æххуысæй рараст сты цæгатмæ, рагъыл-иу цъитийыл æрхызтысты, æмæ хъæдæрмæг йæхæдæг уæрдæттæй æвдæлон кодта Рекомы абоны кувæндоны цъæх фæзы. Ам кувæндон дæр арæзт цыд йæхæдæг, æнæискæй æххуысæй, зæгæл дзы нæ ныххойгæйæ.
Цъæйы Рекомы кувæндон тынг рагон кæй у, уый бафиппайдта ирон адæмы æвзаг, истори, æгъдæуттæ, дин æмæ фольклор иртасæг, зындгонд ахуыргонд В.Ф.Миллер. Уый 1889 азы уыд Ирыстоны æмæ йæ уац «В горах Осетии»-йы фыссы: «Маленькие сени почти доверху завалены стрелами; от одних сохранились лишь наконечники, у других было цело и древко. Главная часть святилища представляет комнату сажени в две длиною. На длинной полке расставлены всякие приношения и древних, и новых времен. Тут вы видите железный шлем Оси-Багатара, несколько глиняных чашек, барашков из фарфора и глины, стеклянки, бусы, куски ваты, серебряные галуны, две или три новых иконы, свечи, стрелы и т.п. предметы. Все это накапливалось веками».
1936 азы профессор Л.И.Семеновы разамындæй археолог Е.Г.Пчелина æмæ реставратор
И.П. Щелбыкин кувæндоны кодтой реставрацион æмæ иртасæн куыстытæ. Уыдон дзы ссардтой таурæгъон Ос-Бæгъатыры фат, згъæр худ, алыхуызон хæцæнгæрзтæ, зды нæмгуытæ æмæ æндæр цымыдисаг историон, хæстон дзаумæттæ. Уыдонмæ гæсгæ дæр бæрæг у, Рекомы Уастырджи ирæтты хæстон зæд кæй у, уый. Сæхи йыл фæдзæхстой хæстмæ цæугæйæ æмæ æрыздæхгæйæ дæр. Ам ирон лæппутæ ард хордтой æфсымæртæ кæнгæйæ, туджджынтæ фидыдтой. Цуанон ыл йæхи фæдзæхста цуаны цæугæйæ. Кувæндоны бын уый тыххæй æвæрдтой алыхуызон фæдзæхсæнтæ.
1936 азы онг Рекомы кувæндоны цъæх фæзыл сылгоймаджы къах никуы æрлæууыд. Е.Г.Пчелинайæн дæр Цъæйы хъæуы хистæртæ Чызджыты кувæндонæй фалдæр бацæуыны бар нæ лæвæрдтой, цалынмæ сæм, ахуыргæндтимæ цы ирæттæ уыд, удыон не ‘рхатыдысты, наукæйы хъæуы, зæгъгæ, уæдмæ.
Рекомы ссæуæн къахвæндагыл ма хъæды астæу Чызджыты кувæндонæй уæлдæр ис Майрæмы кувæндон. Чызджыты кувæндонмæ цыдысты чызджытæ зæдæй хорз амонд агурæг, сæ уарзондзинад ыл фæ-
дзæхстой, куыд нæ фæмæнг уа, йæ мойаг – сæрæн æмæ адæмы уарзон Майрæммæ куывды цыдысты устытæ æмæ чындзытæ цотхалы охыл, цæмæй сын æнæниз, хорз цот раттаид, сæ рынчынты сын сдзæбæх кодтаид. Цот кæмæн нæ цыд, уыдон дзы хъуырыцъарæй агуырдтой, цæмæй сын хъæбулы ад бавзарын кæна. Уыцы куывдтыты фæстæ-иу чызджытæ, устытæ æмæ чындзытæ дæр зæды зæрдæ балхæнынæн фæдзæхсæнæн сæ кувæндæтты уагътой алыхуызон дзаумæттæ: фæрдгуытæ, къухмæрзæнтæ, хъуымацы уадздзæгтæ, судзинтæ, сæрдзæвæнтæ æмæ æндæртæ.
Рекомы Уастырджийы бæрæгбонмæ-иу Цъæйы комы цæрджытæ, цъæйаг Дзалаты Геор куыд зæгъы, афтæмæй æрцæттæ кодтой æхсæны куывд. Кодтой йæ хуыцаубоны кувæндоны сæрмæ цардахъты. Иумæйаг хорæй Уастырджийы номыл фыхтой бæгæны, уагътой арахъхъ, иумæйаг æхцайæ æлхæдтой гал кусæрттаг. Уымæй уæлдай, йæ бынмæ алы хæдзар дæр æрвыста йæ кувинаг, йæ мысайнаг. Афæдзы дæргъы-иу ног чындз чи æрхаста, йæ чындзæн-иу лæппу кæмæн райгуырд, уыдон та ма йæ быны бæрæгбоны кодтой нæл фыс, кæнæ нæлсæгъ кусарт дæр.
Ныр дæр дзы бæрæгбоны вæййы æхсæны куывд. Цъæйы æмæ, йæ алыварс кæмтты ма чи цæры, стæй ацы кæмттæй быдырмæ чи ралыгъд, уыдон æрбацæуынц йæ бынмæ, вæййынц йæ куывддонтæ. Рекомы Уастырджи ирон адæмæн у иумæйаг. Сæхимæ йын кувæндæттæ чи скодта, уыдон æй сбæрæг кæнынц уыцы зæдбадæнты, иннæтæ цæуынц Цъæйы коммæ кæнæ йын йæ ном арынц дардæй.