Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн бархион æххуысгæнджытæ ныр дыууæ азы хуыйынц, бийынц уæлæдарæс, æрвитынц сæ раззагдæр хахмæ. Хъæугæ дзаумæттæм ахæсгæ сты цæфты хæссæнтæ, акъоп-
пыты сойын цырæгътæ, хус хъæрмхуыппытæ.
Уыцы чысыл дзæкъулты сæвæрынц хус борщ, раздæр уал бахус кæнынц хъæугæ хойраг, о, бас дзы нæй, фæлæ уæддæр йæ ад дзæбæх вæййы. Æфсæддон алыхуызон уавæрты бахауы æмæ йæ бон бауыдзæн тæвд донæй спайда кæнын, хус борщыл æй æркæнын. Ахæм хуызы сты æндæр хъæрмхуыппытæ дæр: кæм – зокъотæй, кæм – каркæй, кæм – хъæдуры гагатæй, кæм – «харчо».
Ацы ран куыстыл цæст нæ хæцы, сылгоймæгтæ цæттæ кæнынц акъоппы сойын цырæгътæ, сæ технологимæ гæсгæ судзынц авд сахаты дæргъы. Сойын цырæгътæ ахъаз сты дон афыцынæн, хæринаг схъарм кæнынæн, хи батавынæн. Ноджы дзы æппарæццæгтæ нæ баззайы. Цыдæриддæр операцийы бахъæуы, уыдæттæй сылгоймæгтæ æфсæддонты ифтонг кæнынц: цæфты хæссæнтæ, мидæггаг дзаума, ампулæты æвæрæнтæ, худтæ, æрмкъухтæ, цъындатæ, хибааууонгæнæнтæ.
Сæ къорд та ахæм стыр нæу, сæ фылдæрæн сæ хиуæттæ сты раззагдæр хаххыл. Уымæ гæсгæ, сæ бон цы у, уый кæнынц, сæ хуыздæр лæвар у æфсæддонтæй арфæтæ райсын. Æхсæнад равзæрд дыууæ азы размæ, райдыдтой чысыл хъуыддæгтæй, хæдзæртты быдтой хъарм дзаумæттæ. Фæстæдæр сын радих кодтой бæстыхай, районтæй сæм æрбаиу сты сылгоймæгтæ. Ныр аст районы куыст цæуы, архайджыты нымæц рæзы. Сылгоймæгтæ алы бон дæр æрбамбырд вæййынц сæ куыстмæ, æфсæддонты курдиæттæ æххæст кæнынц.
Нæ уацхæссæг