Знон куыд нæ бæстæйы, афтæ Ирыстоны цæрæг æппæт адæмыхæттытæ дæр кад æмæ радимæ бæрæг кодтой номдзыд поэт Александр Пушкины райгуырды 225 азы юбилей. Йæ дзырдаивад дунейы культурæйы æмæ уырыссаг æвзаджы рæзтыл парахатæй кæй зыны абон дæр, уымæ гæсгæ йæ райгуырæн бон нымад цæуы куыд Уырыссаг æвзаджы бон.
Александр Пушкины юбилейы кадæн знон Дзæуджыхъæуы йæ номыл сквер æмæ цыртдзæвæн-бюсты раз уыд кадджын æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы бæрнон кусджытæ, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Рæмонты Маринæ, нæ республикæйы Хæлардзинады хæдзары разамынд, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæс-тæ æххæстгæнæг Хозиты Барис, йæ хæдивæг, фыссæг Цомартаты Изæтбег, ацы сфæлдыстадон организацийы уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ, чиныгдæтты кусджытæ æмæ поэзиуарзджытæ.
Кадджын æмбырд байгом кодта Хозиты Барис. Уый мидисджын æмæ бæстон афæлгæсыд, Александр Пушкины цард æмæ сфæлдыстадыл Цæгат Кавказы æрдз, йæ адæмыхæттыты æгъдæуттæ, миддуне куыд сахадыдтой, æмæ сæ йе ’мдзæвгæты куыд зæрдæмæхъаргæ хъуыдытæй равдыста, ууыл. Сæрмагондæй ма йе ’ргом аздæхта, нæ ирон литературæйы зиууæттæ йын йæ поэзи ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл куыд зæрдиагæй архайдтой алкæддæр, стæй, абон дæр уыцы арфæйаг æгъдау хæлд кæй нæ цæуы, уымæ.
Уый фæстæ нæ республикæйы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ аив бакастысты поэты æмдзæвгæтæ. Йæ ирд, хæдбындур æнæбафæзмгæ курдиаты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой æмæ сæхи фыст номарæн æмдзæвгæтæ бакастыс-ты Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры директор, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, зындгонд поэт Дудайты Чермен, Хæлардзинады республикон хæ-дзары директор Александр Охотников, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнгтæ Хохойты Энвер, Бызыккаты Земфирæ, Хетæгкаты Къос-тайы номыл культурон-рухсадон центры сæргълæууæг, профессор Æлборты Иван, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы директор Отараты Зæлинæ.
Сæ раныхæсты фæстæ кадджын æмбырды архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ Александр Пушкины цыртдзæвæныл.
Знон Дзæуджыхъæуы æмæ нæ республикæйы æппæт чиныгдæтты, музейты, культурæ æмæ ахуырады артдзæстыты номдзыд поэты юбилейы кадæн уыд равдыстытæ, поэзийы изæртæ, чиныгкæсджыты конференцитæ, фембæлдтытæ нæ литературæ æмæ аивады минæвæрттимæ.
ГАСАНТЫ Валери,
Къамтæ систа
Татьяна ШЕХОДАНОВА