Мæскуыйы дарддæр йæ куыст кæны дунеон форум «Уæрæсе». Фæззæгæй нырмæ равдысты экспозицитæ бабæрæг кодтой милуангай адæймæгтæ. 5 июны форумы уазджыты нымæц 15 милуанæй ахызт. Уыимæ, равдысты 15-милуанон уазæг сси горæт Ялтæйы цæрæг Наталия Корнеева.
Юбилейон уазæг Адæмон хæдзарады æнтыст-дзинæдты равдыстыты центрмæ æрбацыд йæ бинонтимæ. «Рагæй фæнд кодтам Мæскуымæ абалц кæнын, горæты зæрдылдарæн бынæттæ фенын», – радзырдта Наталия.
Сылгоймаджы йæ бинонтимæ ахуыдтой Цæгат Ирыстоны экспозици фенынмæ, стæй йын балæвар кодтой туристон балцæг республикæмæ. «Æнхъæл дæр кæмæн нæ уыдыстæм, абон ахæм æхсызгондзинад сæмбæлд нæ бинонтыл. Стыр бузныг уын! Цæгат Ирыстоны алæмæты æрдз æмæ уазæг-уарзаг адæмы кой рагæй хъуыстон, ныр та сæ нæхи цæстæй фендзыстæм», – йæ арфæйы ныхасы загъта Наталия.
Уæрæсейы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвары фыццаг хæдивæг Дзасохты Тамерлан куыд радзырдта, афтæмæй Ирыстонмæ балцы рæстæг Наталия æмæ йæ бинонтæн уыдзæн Дзæуджыхъæуы историон бынæттæ æмæ республикæйы рæсугъд-дæр кæмттæ бабæрæг кæныны фадат.
Дунеон равдыст-форум «Уæрæсе» йæ куыст кæн-дзæн 8 июлы онг. Мадзалы архайынц 89 уæрæсейаг регионы, кусынц дзы егъау-
дæр федералон компанитæ æмæ æндæр организациты экспозицитæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ