УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Андрей ДОНЧЕНКО йæ чиныг «Наша Осетия. Эребуни» рахаста Сомихы истори æмæ культурæ иртасæг, академик Николай Марры номыл Æппæтдунеон дыккаг конкурсмæ. Авторæн йæ мидисджын удвæллойы тыххæй лæвæрд æрцыд 2-аг къæпхæны диплом æмæ æвзист майдан.
Конкурс уыд æрæджы Ереваны Уырыссаг хæдзары. Ацы зонадон ерыс арæзт цæуы Сомих æмæ Уæрæсейы æхсæн базарадон, зонадон æмæ сфæлдыстадон бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ сæ райрæзтыл архайыны нысанæн.
Чиныг «Наша Осетия. Эребуни»-йы автор бæлвырд æмæ мидисджынæй æрдзырдта Цæгат Ирыстоны сомихы адæмыхатт фыццаг кæд æрцардысты, нæ республикæйы социалон, экономикон, промышленнон, базарадон, ахуырадон, культурон рæзтыл цас зæрдиагæй архайынц, æмæ сæхи национ культурæйы рæзт Ирыстоны зæххыл цас парахат у, ууыл. Чиныг мыхуыры рацыд æрæджы рауагъдад «Абетæ»-йы. Йæ тираж у æртæсæдæ экземпляры. Йæ авторæн хъæугæ æрмæгæй чиныг аразынмæ хорз феххуыс кодта нæ республикæйы цæрæг, Сомихы æхсæнады сæрдар Ася Меликян.
АНВАРАТЫ Валери