Программæты ахадындзинад царды

0
72

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады федералон программæтæ хуыздæрæрдæм зынынц адæмы цардыуагыл: хъæууон районты ФАП-ты арæзтад, чысыл афтектæ дзы гом кæныны хъуыддаг, дохтырты, фелсырты æмæ медицинон хоты ‘ргом районты дзæбæхгæнæндæтты куыстмæ разæнгард кæныны мадзæлттæ – уыдæттæ фæбæрæг сты цæрджытæн фыццаградон медицинон æххуыс бакæныны хъуыддагыл.

Уымæн æвдисæн – Нартыхъæуы дохтырты участок. Æххæссы æртæ хъæуыл. Фæстаг рæстæг сæ дыууæйы – Фыййаджыбыл æмæ Рассветы хъæуты, программæмæ гæсгæ арæзт æрцыд ног фелсырон-акушерон пункттæ. Сæ алкæцыйы дæр акционерон æхсæнад «Фармация» байгом кодта афтекты пункттæ, æнæмæнгхъæугæ хостæ балхæнынмæ ныр Дзæуджыхъæумæ нал хъæуы цæуын. Уæвгæ, рынчыны æнцойдзинадæн, дохтырмæ бацæуынæй райдай æмæ йæ амынддзинæдтæ æххæст кæнынæй фæу – æппæт дæр ис бынаты скæнæн. Медицинон хызæг «Барс»-ы фæрцы зынгæ фæахадгæдæр рынчынты дзæбæх кæныны куыст. Ис фадат анализтæ амбулаторийы раттынæн, кардиограммæ скæнынæн. Участокæн программæмæ гæсгæ раттой рог хæдтулгæ, кусгæ бонты дæргъы æртæ хъæуы рынчынтæ æнæ медицинон æххуысæй нæ баззайынц. Рынчыны æндæр ранмæ ласын куы бахъæуы, уæд та фæдзурынц тагъд æххуысмæ.
Ахсджиаг у уый дæр, æмæ диспансеризацийæ кæй пайда кæнынц цæрджытæ. Æрбахонынц сæ амбулаторимæ, бынаты ис суанг флюорографи скæнæн дæр. Æрвылмæй дæр уый тыххæй Æрыдонæй ссæуы флюорографы машинæ, тарниз афоныл рабæрæг кæнын ахсджиаг социалон фарста у, æмæ йæм стыр æргом здæхт цæуы. Диспансеризаци ацæуын йæ бон кæмæн нæу, уымæ та хæдзармæ ацæуынц. Хатдзæгтæ хаст цæуынц «Барс»-ы иумæ-
йаг хызæгмæ. Бахъуаджы сахат дзы спайда кæнын у сæ бон, æппæт информаци дæр медицинон кусджытæн сæ разы ис.
Цыппор æхсæз азы размæ республикæйы сгуыхт дохтыр Тебиаты Раисæ Медицинон институт каст фæуыны фæстæ кусынмæ ‘рцыд йæ райгуырæн Нартыхъæумæ. Сæ хæдзарвæндагæй ма дохтыры дæсныйад райстой йæ хистæр хо æмæ йе ‘фсымæр, йе ‘фсымæры бинойнаг, стæй Раисæйы хистæр чызг Нæидæ. Уымæн бантыст медицинон наукæты кандидаты ном бахъахъхъæнын Ростовы, ныр кусы Цæгат Ирыстоны Медицинон академийы пропидефтикæйы кафедрæйы.
– Сывæллæттæ нæм фылдæр райдыдта гуырын. Мæлгæ цас акæны, гуыргæ дæр – уый бæрц. Нæ участочы цæрджыты зонын суанг фæсномыгæй дæр, иууылдæр цæстыты раз сты, чи цæмæй хъæрзы, куыд цæры – æппæтимæ дæр зонгæ дæн. Ахсджиаг у уый дæр, æмæ гæххæттытимæ куысты иу хай сæрмагондæй медицинон хойæн кæй бабар кодтой, уый фадат дæтты рынчыныл фылдæр рæстæг хардз кæнынæн. Ис нæм боныгоны стационар, рынчынтæн дзы кæнынц судзинтæ, хостæ дадзинты уадзынц. Алы амбулаторийы дæр кусы фæлтæрдджын медицинон хотæ. Нартыхъæуы – Туаты Людмилæ æмæ Гусаты Заремæ, Рассветы – Бураты Земфирæ, Фыййаджыбылы – Надеждæ Сагитова, – зæгъы Раисæ.
Надеждæ спайда кодта программæ «Земский фельдшер»-æй, уымæ гæсгæ йын радтой æхца – 500 мин сомы. Ныр дыууæ азы кусы Фыййаджыбылы ФАП-ы æмæ нæ фæсмон кæны, ардæм кæй раивта, ууыл.
– Хъæуы администраци мæм куы бахатыдысты, уæд æз дæр дыууæ нал загътон. Райдыдтон кусын, æмæ мын нæ разамынд бауынаффæ кодта программæйы архайын. Фелсырыл сахуыр кодтон, æндæр ран куыстон. Раст зæгъгæйæ, мæ ныфс дæр нæ хастон, мыййаг, куы нæ сарæхсоны тæсæй. Фыццæгты мын æнцон нæ уыд ног бынаты, фæлæ мæ куыстæй мæ зæрдæ радис. Ног бæстыхай, ног гæнæнтæ, авналæнтæ – парахат, – зæгъы Надеждæ. Йæ куыстыл æнувыд кæй у, уый амбулаторимæ бацæуæг æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн: сыгъдæг кабинетты æппæт дæр сæ бынæтты æвæрд, сывæллæтæ исæн уаты къултыл – ирд нывæфтыдтæ æмæ сырдты портреттæ рамкæты кондæй. Чысыл афтечы полкæтыл рæнхъæй лæууынц алыхуызон хостæ, бахъуаджы сахат сæ балхæнынмæ æндæр рæттæм цæуын нæ хъæуы.
Нæ бацыдмæ æнхъæлмæ каст, хъæуы дыууæ ноггуырды бабæрæг кæнынмæ участочы дохтыримæ, сæ уавæр сын сбæрæг кæнынмæ, мадæлтæн хъæугæ амынддзинæдтæ раттынмæ. Уый фæстæ Тебиаты Раисæ рог хæдтулгæйыл атындзыдта Рассветы амбулаторимæ рынчынты фенынмæ. Уый сæ æрвылбоны куыстæй иу боны ныв у.
Дохтыр канд хостæй нæ дзæбæх кæны, йæ рæстæгыл фæлмæн, узæлгæйæ загъд ныхас хатт тыхджындæр разыны хосæй. Уый хауы æппæт медицинон кусджытæм дæр. Хъæубæсты та, дохтыр æмæ ахуыргæнæгæн уæлдай кад ис адæмы ‘хсæн. Раст зæгъгæйæ, хъæууон районтæм ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæ уæнгрогæй нæ цæуынц кусынмæ, кæд сæ иу хай астæуккаг æмæ уæлдæр медицинон скъолатæм районтæй æрвыст цæуынц, фæстæмæ æрыздæхдзысты æмæ кусдзыстыйы нысанимæ, уæддæр. Сразæнгард сæ кæныны тыххæй хъæууон районты дохтыртæ, фелсыртæ æмæ медицинон хоты мыздыл зынгæ бафтыд.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here