Фӕсивӕд ӕмӕ ӕвзӕрстытӕ

0
98

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны ацы аз 7 ӕмӕ 8 сентябры уыдзӕн ӕвзӕрстытӕ. «ӕрыгон ӕвзарджыты базонгӕ кӕнын ӕвзӕрстыты ног технологитимӕ»  — ахӕм темӕйыл пресс-конференци сарӕзтой Дзӕуджыхъӕуы.

Республикӕйы дзыллон-хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ фембӕлдысты РЦИ-Аланийы ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Моргуаты Жаннӕ, ӕппӕтуӕрӕсеон IV конкурс «Учимся выбирать»-ы уӕлахиздзау, проект «Цӕгат Ирыстоны ӕвзӕрстыты фӕсивӕдон информацион ӕвзарӕн къамис»-ы автор Осиаты Давид, Уӕрӕсейы Фӕсивӕдон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Максим Воронин.

Ӕмбырд амыдта «Уӕрӕсейы сӕрибар ӕвзӕрстыты фонд»-ы ӕххӕстгӕнӕг директор Максим Лесков.

— Нӕ тых нӕ иудзинады ис. Нӕ хӕс у, ӕрыгӕтты паддзахадон разамынды куыстмӕ цӕттӕ кӕнын, ӕрыгон фӕлтӕртӕ цӕмӕй иумӕйагӕй тырной субъектты хӕлардзинадмӕ, Фыдыбӕстӕйӕн балӕггад кӕнынмӕ цымыдисдзинад ӕвдисой ӕмӕ зоной закъонтӕ, — загъта ӕмбырд амонӕг. — Нӕ фонд алывӕрсыг ӕххуыс кӕндзӕн проект цардмӕ рауадзынӕн.

Ӕмбырды архайджытӕ базыдтой, фӕсивӕды минӕвӕрттӕ, ӕвзӕрстыты агъоммӕ кӕй ӕмбӕлдзысты республикӕйы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты, техникумтӕ ӕмӕ колледжты ахуырдзаутимӕ ӕмӕ сӕ зонгӕ кӕндзысты ӕвзӕрстыты закъоны бындуримӕ. Сӕ уӕлӕ уыдзӕн сӕрмагонд уӕлӕдарӕс, хицӕн кӕндзысты «Уӕрӕсейы Сӕрибар ӕвзӕрстыты фонд»-ы эмблемӕйӕ. ӕмгар ӕмгары хуыздӕр бамбардзӕнис, хуымӕтӕг ӕвзагӕй сын резиденттӕ дзурдзысты, хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бон сӕм цы  ногдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон.

Моргуаты Жаннӕ арфӕ ракодта фонды кусджытӕн, фӕсивӕды  фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдысты, уый тыххӕй.

— Ацы куыст фыццаг хатт кӕнӕм республикӕйы, фӕлӕ мӕ ныфс ис, ӕппӕт хъӕугӕ информаци дӕр ӕххӕстӕй ӕмӕ афойнадыл кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн ӕрыгон ӕвзарджытӕм, — загъта Жаннӕ.

Фонды номӕй Моргуаты Жаннӕйӕн йӕ бирӕ азты иузӕрдион куысты тыххӕй раттой зӕрдылдарӕн лӕвар.

Фӕстӕдӕр уазджытӕ дзуаппытӕ радтой уацхӕсджыты фарстытӕн.

ГУГКАТЫ Жаннӕ,

къам систа Татьянӕ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here