«Дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм Беслæнæн»

0
24

Беслæны 1-æм астæук-каг скъолайы «Терроризмы ныхмæ дунеон культурон-патриотон центр»-ы 2004 азы 1-3 сентябры бæллæхы бахауæг адæмы номарæн æртыккаг бон дæр райдыдта, куыд иннæ бонты, афтæ равдыстытæ, проекттимæ зонгæ кæнынæй, документалон кинонывтæм кæсынæй.

Дæсæм сахат æрдæгыл та Номарæн ракуывд сарæзтой дины кусджытæ. Стæй райдыдта саударæн мадзал. Йæ арха-йæг адæм, бæллæхы чи фæмард, уыдоны хуызис-тытæ æмæ уазнывтимæ араст сты 1-æм скъолайы кæртæй мемориалон комплекс «Зæдты горæт»-мæ. Уым бахастой дидинджытæ æмæ веноктæ «Хъыджы бæлас»-ы цыртдзæвæнмæ.

Уый фæстæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мемориалы цыртдзæвæнтæй алкæмæдæр бахаста дидинджытæ.

Фæстæдæр райхъуыстыс-ты метрономы æнкъард мыртæ, æмæ уыцы зæлтимæ банымадтой, чи фæмард, уыдоны мыггæгтæ æмæ нæмттæ. Чырыстон æгъдаумæ гæсгæ ссардтой уыцы фыдбæллæхы сæфт адæмы – сабитæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ сæ ирвæзынгæнæг æфсæддонты, барадхъахъхъæнæг оргæнты, кусджытæ æмæ бархионты рухс ном.

Изæры авд сахатыл Беслæны 1-æм скъолайы кæрты ссыгътой сæдæгай со-
йын цырагъы. Мысæн бонты æртыккаг изæр ахицæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы симфонион оркестры концерт-реквиемæй.

Куыд зонæм, афтæмæй хæрз æрæджы, Цæгат Ирыстоны уæвгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин бабæрæг кодта Беслæн, дидинджытæ бахаста, ссæдз азы размæ террористон акты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæнтæм, фембæлд ассоциаци «Беслæны мадæлтæ»-йы комитеты минæвæрттимæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй фæсарæнты архайдтой ацы æвирхъау цау сраст кæныныл, уымæй уæлдай ма террористтæн алывæрсыг æххуыс кодтой, ома, политикон, информацион, финансон æмæ
хæстон æгъдауæй.

Владимир Путины хатдзæгмæ гæсгæ, Беслæны скъолайы фыдбæллæх, нæ байгас уæвгæйæ, баззай-дзæн Уæрæсейы адæмты зæрдæты. Чи дзы фесæфт, уыдоны бинонтæн, стæй, сæ хиуæттæ кæмæн фæмард сты, уыдонæн
уыдзæн, туг æппынæдзух кæцæй хъары, ахæм хъæдгом.

– Ногæй мæ фæнды сымахæн тæфæрфæс ракæнын. Ацы бонты куыд не ’рымысæм сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæстонты дæр – уыдон сæхицæй бахгæдтой сывæллæтты, фæмард сты.

Раздæры азты Уæрæсейы разамынд Беслæнæн æххуыс кодта, сарæзтам цæрджытæн æххуысы сæрмагонд программæ, уыцы куыст цæудзæн дарддæр дæр, – загъта бæстæйы Президент.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here