Ног ахуыры азы агъоммæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æхсæнадон советы минæвæрттæ æмæ пъæлицæйы кусджытæ архайдтой æрвылазон акци «Ахуыр кæнынмæ ацæуынæн баххуыс кæн»-ы.
Скъоламæ сывæллоны бацæттæ кæныныл бинонтæ иуцасдæр æхца бахардз кæнынц, ахуырадмæ цалдæр сывæллоны бацæттæ кæнын кæй хъæуы, уыцы бинонты хæрдзтæ та уæлдай стырдæр кæй рауайынц, уый хынцгæйæ, пъæлицæйы кусджытæ алы хатт дæр фæкæсинаг бинонтæн скъоламæ ахуырдзауты бацæттæ кæныны хъуыддаджы баххуыс кæнынц.
Амынд районы мидхъуыддæгты хайады хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Медойты Алан, æнахъомты хъуыддæгты дæлхайады хицау, пъæлицæйы дæлбулкъон Боциты Альбинæ, хайады ветеранты советы сæрдар, милицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег, хайады æхсæнадон советы уæнг Баскаты Таймураз æмæ æндæртæ царды зын уавæры бахауæг скъола-
дзаутæн, Зонындзинæдты боны фæдыл сын раарфæ кæнгæйæ, ахуырадæн хъæугæ фыссæнгæрзтæ æмæ æндæр дзаумæттæ балæвар кодтой. Чысыл алагирæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ баузæлæг сыл барадхъахъхъæнджытæн бузныг загътой.
Сывæллæтты хъомыл кæныны фæдыл, хæстæ не ’ххæст кæныны тыххæй адæймагæй бæрнондзинад кæй бадомынц, æнахъомты хъуыддæгты инспектортæ ныййарджыты зæрдыл уый æрлæууын кодтой. Ныхас кæнгæйæ, ахуырдзаутæ та скъола, уынг æмæ æхсæнадон бынæтты хи дарыны фæткы тыххæй хабæрттæ ра-
дзырдтой.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор