Абон Цæгат Ирыстоны скъолаты сараздзысты
Зонындзинæдты боны кадæн æмбырдтæ
Ирд æхсæв арвмæ куы скæсын стъалытæм, уæд мæм уыдон ме скъолайы ахуыргæнджыты хуызæн фæкæсынц: чи дзы ирддæр у, чи та дзы мынæгдæр рухс кæны. О, иууылдæр стъалытæ сты, фæлæ дзы уæддæр кæйдæрты рохуаты фæлм нæ бамбæрзы, нæ фæлгæнæны, нæ хъуыдыты сæ рухсы тыхæй разынынц. Куыд ис ферохгæнæн, Бонвæрнон стъалыйау, фыццаг ахуыргæнæджы. Уый фæрцы царды хуымгæнды акæнæм фыццаг ауæдз.
Ирыстоны фыццагкъласонтæ, хуры фендау, уын цин æмæ амонд æрхæссæд уæ фыццаг ахуыргæнæджы фенд. Уе скъола та уын суæд уæ дыккаг райгуырæн хæдзар, уе ‘мкъласонтæ – иу бинонты сывæллæттау.
Æнгом цуанæттæ, дам, саг марынц, æнгом бинонтæ та цард арынц, æмæ хæлар æмæ уарзонæй куыд цæрат, «а» æмæ «о»-йæ, уæ кæрæдзи цæстæнгас æмæ былтызмæлдæй дæр куыд æмбарат, ахæм амонд уæ уæд. Зонд æмæ зæрдæйы рухсæй уæ цы ахуыргæнджытæ – хъомылгæнджытæ кæной хайджын, уыдон дæр уын, уæ ныййарджытау, адджын фæуæнт.
Цард зад хуымыл цæхгæрмæ бауайæгау нæу, ис дзы фæхæрдгæнæнтæ æмæ уырдыджытæ, фæлæ, цæлхдурты сæрты хизын куыд фæразат, ахæм амонд уæ уæд. Сывæллон æнæ фæкæлгæ нæ вæййы, афтæ куы нæ уа, уæд уæлæмæ стын дæр нæ базондзæн, æмæ уын, «уцци скæн» зæгъын дæр куыд нæ бахъæуа, фæлæ-иу ныфсджынæй уæхæдæг уæлæмæ куыд фæгæпп кæнат, уый уын мæ цæст уарзы.
Æнæрæдигæ дуне нæй, фæлæ, дам, адæймаг йæ рæдыдтытыл ахуыр кæны, æмæ уын сæ чи æмбарын кæна, уыдон уыдзысты уæ ахуыргæнджытæ, æмæ уын сæ цæстуарзон уайдзæф æвдадзы хос куыд уа, æмæ-иу раздæры рæдыд дыккаг хатт куыд нæ-
уал æруадзат. Афтæ у цард, иу асины къæпхæнæй иннæмæ хизæгау.
Æххæст ахуыр, æххæст лæг, дам, дæ Хуыцау скæнæд, зæгъгæ, арфæ фæкæнынц сывæллонæн, æмæ уыцы арфæ сымахыл дæр æрцæуæд. Ныфсы гуырдтæ уæ рауайæд канд уæ бинонтæн, уæ мыггагæн нæ, фæлæ æгас Ирыстон æмæ Уæрæсе-
йæн дæр.
Даргъ æмæ уæрæх уæнт уæ царды фæндæгтæ. Фæндаджы хорзæх уæ уæд!
Абайты Эдуард