Йæ ныхас хъуысти уæрæх дзыллæтæм

0
28

Газет «Рæстдзинад» арæх мыхуыр кæны, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм, рагон цардæй ист цаутæ. Æрæджы, 20 августы, нæ газеты мыхуыргонд æрцыд чиныг «Иры хæзнатæй» (йæ автор – Торчынты Таймураз) æрмæг «Хъалæгаты Бек». Редакцимæ æрбадзырдта Ольгинскæйы хъæуы цæрæг Калманты Алихан. Уый разы нæу æрмæджы сæйраг хъуыдыимæ. Йе ’ппæт фиппаинæгтæ фæдзырдта. Мах сфæнд кодтам рæстдзинад сбæрæг кæныны тыххæй Алиханимæ фембæлын.

Калманты Алихан ацы æрмæджы хъайтар Калманты Бекæн у йæ фырт. Хъалæгаты мыггаг чиныджы фыст æрцыд рæдыдæй.

Ныхас кæнæм Алиханимæ, сæ хæдзары сатæг, хæрзæфснайд тыргъты. Нæ разы – рагон къамтæ, цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнынц бинонтæ.

– Мæнæ мæ фыды фыд Калманты Дзыццын, ам та – мæ фыд Бек йе ‘фсымæр Куыцыккимæ. Ацы къамы та – мæ мад Фатимæ, – дзуры ацæргæ нæлгоймаг. Кæд æмæ кæд ист æрцыдысты хуызистытæ, фæлæ æппындæр сæ хуыз нæ ивынц, азты фæд сыл  нæ зыны. Арæх ныккæсы Алихан йæ фыды цæстæнгасы æрфытæм, цымæ цæуыл хъуыды кодта, цы уыд йæ бæллиц.

Нæ ныхасæмбал ма уыдысты черменыхъæуккаг Калманты Гермæн æмæ Алиханы хистæр хо Зарæ.

– Комы аргъ лæг кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыд нæ хистæр Бек. Комкоммæ йæ кæд нæ зыдтон, уæддæр йæ хорзы кой бирæтæй фехъуыстон. Мæ хæсыл банымадтон, æмæ алы цымыдисаг хабар дæр гæххæттыл ныффыстон, цæмæй нæ фæдонтæ зоной, чи уыдысты сæ фыдæлтæ, уый.

Йе ’мдугонтæй куыд базыдтон, афтæмæй Бек бæрзонд, хæрзконд, æгæрон хъаруйы хицау уыд. Нæртон лæджы дзырд Хуыцаумæ куыд хъуысти, афтæ йæ ныхас, йæ дзырд хъуысти уæрæх дзыллæтæм, йæ зондамындмæ, йæ барджын ныхасмæ æнхъæлмæ
кастысты бæрæгбонау. Æмбæлттæ, æрдхорд æфсымæртæ йын уыдис æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Кавказы дæр, – дзуры Калманты Гермæн.

– Нæ фæлмæцыд адæмимæ æмбæлынæй. Йемæ-иу чи аныхас кодта, фынджы уæлхъус-иу чи абадт, уыдон-иу уайтагъд банкъардтой йæ зæрдæйы уаг.

Иуахæмы хуынд уыдис мæхъхъæлон хæдзары куывдмæ. Хъазтмæ куы рахызтис, уæд фæндырдзæгъдæг æрыгон чызгмæ фемдзаст. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд, фæлæ йæ лæппутæ æрсабыр кодтой, хъуыды дæр ыл ма кæн, ницы пайда дын дзы ис, зæгъгæ. Нæ сæм байхъуыста, аскъæфта йæ. Нæ йæ ныууагътой, акодтой йæ хионтæ, фæлæ ирон лæппу фæстейы не ’рлæууыд, ногæй та йæ йæ хæдзармæ æркодта. Мæхъæл фæфæдис сты, фæлæ сæ хистæртæ баурæдтой æмæ загътой, ахæм ныфсджын æмæ сæрæн лæг махæн сиахсæн бæззы, зæгъгæ.

Бек æмæ Фатимæ кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты, хъомыл кодтой цыппар хъæбулы. Алихан уыд цоты кæстæр.

– Нæ хъуыды кæнын мæ фыды, æрмæстдæр хуызистæй, стæй мын-иу адæм цы дзырдтой, уымæ гæсгæ мæ цæстытыл уайы. Радзурыны аккаг бирæ хабæрттæ ис Бекы царды фæзминаг хъуыддæгтæй, – зæгъы Алихан. – Уырдыг-иу арæх лæууыдыстæм лæппутæй, æмæ-иу хистæртæ æхсызгонæй мысыдысты йæ ном. Кæмфæнды дæр мæ-иу куы базыдтой, Бекы фырт дæн, уый, уæд мын-иу уæлдай аргъ кодтой. Ахæм кад ын уыдис æрмæст Иры хъæуты нæ, фæлæ йæ каисты ’рдыгæй дæр.

Адæм алыхуызон сты, бирæтæ хæлæг кодтой йæ ныфсхастдзинадмæ. Бахъуаджы рæстæг уыд æцæг фæдисон. Иуахæмы, дам, не ’рвад лæппу Заманхъулæй чызг ахаста, йæ фæстæ лæбурджытæ бирæйæ ссыдысты, кæнгæ йæ кодтой. Мæ фыды бацагуырдтой, уый семæ барджын ныхас фæкодта, æрсабыр сæ кодта, уазджыты йæхи хæдзармæ ахуыдта, кусарт сын акодта, æмæ уым фынджы уæлхъус бафидыдтой.

Кæддæр та Камбилеевкæйы цæугæдон афтæ тынг раивылд, æмæ адæмы хæдзæрттæм бахæццæ. Цæрджытæ катайы бацыдысты. Цæмæй сæ тас ацæуа, уый тыххæй Бек саргъы бæхыл абадтис. Ма тæрсут, æз ныртæккæ  доны иннæ фарсмæ баленк кæн-
дзынæн, зæгъгæ, ма сæм рахъæр кодта. Ивылд доны ма бæхæн йæ сæр зындис, афтæмæй донæн иннæ был рахызтис. Уæд бирæтæ загътой, ацы лæппу дурæй дæр сой ратæдзын кæндзæн, зæгъгæ.

Алцæмæ уыд хæрзарæхст, хорз зыдта цалдæр æвзаджы.

Дзырдтой ма, Ольгинскæмæ хохæй уазджытæ æрцыдис, сæ хъуыддæгтæ бакодтой, фысымуат сын чи загъта, уыдонмæ сæ бæхтæ дæр бабастой, фæлæ сын сæ æхсæвы адавдæуыд. Агуырдтой ма сæ, – сæ фæд фесæфт. Уæд сын загътой, кæд уæ Калманты Бекы хорзæх уа, уæд уæ бæхтæ уæхи уыдзысты фæстæмæ. Бек хабар уайтагъд бамбæрста, асырдта давджыты æмæ сæ Цæцæны арæныл баййæфта. Бæхты хицæуттæ æмæ дзы фысымтæ тынг фæбузныг сты.

Цард цæуы æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц. Ольгинскæйы хъæуы цæрджытæ дæр, сæ фæллойæ цæргæйæ, хуыздæр цардмæ тырныдтой. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Знаджы ныхмæ тохмæ цыдысты бирæ дзыллæтæ. Фыццæгты рæнхъы Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ ацыд Калманы-фырт дæр. Хæдзары ныууагъта йæ зæронд мад, йæ бинойнаг Фатимæ æмæ æнахъом сабиты. Хъазуатонæй, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, хæцыдис ольгинскæйаг лæппу цыфыддæр знаджы ныхмæ æмæ фесæфт æбæрæгæй.

– Хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыцы фæлтæрмæ хауæм. Нæ мад колхозы быдырты «трудодентыл» куыста, къæбæры муртæй нæ хаста. Фыды, стæй мады
бæсты дæр нын уыдис. Æххуыс нын кодтой мадырвадæлтæ дæр.

Нæ фыдымад Дзампаты чызг Фырду 104 азы фæцардис. Загъта-иу, цалынмæ мæ иунæг лæппу ссæуа, уæдмæ нæ амæлдзынæн, зæгъгæ. Нал æй федта, нал базыдта, 1958 азы ныл цы æхсызгондзинад сæмбæлд, уый дæр, — дзуры Зарæ. – Уæд хъæусоветы секретармæ ссыд писмо Германæй. Цингæнгæ нæм æй æрбадавтой. Зын бауырнæн у, фæлæ йæ фыста нæ фыд йæхæдæг.

Се ‘фсæддон къорд æрхъулайы куы бахауд, уый фæстæ уацары бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой. Цыдæр амалæй алыгъдысты цалдæрæй. Куыд нæ æхсайдта Бекы зæрдæ йæ райгуырæн къонамæ, йæ бинонтæм. Бафæллад йæ уд, йæ зæрдæ фыртухитæй.

Уыцы азты бæстæйы Хицауады гадзрахатдзинадæй адæм сæ хъуырмæ уыдысты. Сыбыры къæймæ йæ ахастаиккой, æмæ уым байсæфтаид, уый зыдта. Баззад цæргæйæ фæсарæнты, скодта бинонтæ, йæ рæсугъд фынты дæр Ирыстон, йæ урссæр хæхтæ уыдта, афтæмæй æрвыста йæ бонтæ.

Азтæ рацыд, æмæ Алихан сфæнд кодта йæ фыды ингæн бабæрæг кæнын. Хæрзгæнæг ын фæцис, æмæ уый æххуысæй ссардта йæ хæдзар, базонгæ ис йæ ирон-немыцаг æфсымæримæ.

– Диссаг мæм каст, ирон адæмы ’хсæн никуы цард, афтæмæй йæ митæ, йæ бакаст уыдысты ирон. Куы йæ бафарстон, уæд мын тæлмацгæнæджы æххуысæй бамбарын кодта, мæнæн дæр мæ дадзинты ирон туг кæлы, зæгъгæ. Йæ къухæй сыгъзæрин къухдарæн рафтыдта æмæ мын загъта, нæ фыд ын æй кæй ратта йæ амæлæты размæ.

– Ды мæ хистæр æфсымæр дæ, æмæ хъуамæ ацы лæвар дæумæ уа, – загъта уый.

Сæ фыд Бекы фарн бæрзонд хæссынц йæ фæдонтæ. Алихан у æргомдзырд, рæстдзинадыл дзурæг адæймаг. Куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы йæ алфамбылай дунемæ. Кæстæртæн зонд бацамонын, уайдзæф бакæнын
цæстуарзон хистæр зоны. Йе стыр бæллиц у, цæмæй дуне сабыр уа, цæмæй кæстæртæ ма уыной зындзинад, цæрой æмæ кусой сæхи фæндиаг.

Алихан бирæ азты бакуыста Дзæуджыхъæуы дзабыртæ хуы-
йæгæй. Йæ хуыд сæрак рæсугъд дзабыртæ, туфлитæ, босоножкæтæ, хромæй цырыхъхъытæ бирæтæ хъуыды кæндзысты.

– Мæ мад хорз хуыйæг уыдис, æвæццæгæн, уыцы миниуджытæй фæхайджын дæн. Арæх ын æрхъуыды кæнын йæ ныхæстæ, адæмимæ хæларæй цæр, зæгъгæ. Кæд ирон нæ уыд, уæддæр бауарзта æмæ æххæст кодта æппæт æгъдæуттæ, рæсугъд дзырдта иронау, ничи йæ равзæрстаид, афтæ.

Абон Калманты кæрты хъомыл кæны дзæбæх сывæллæттæ – Бек, Фатимæ æмæ Мæдинæ. Алиханæн йæ цардæмбал йæ фарсмæ нал ис, фæлæ рæвдыд у йæ кæстæртæй.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here