Æрæджы газеты бакастæн Фæрниаты Раяйы æрмæг «Цымæ нæм кæд бахъардзæн», зæгъгæ, сæргондимæ. Бауырнæд дæ, мæ хойы хай, Рая, мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста.
Иуæй, уый, æмæ дыл йæ куысты бынаты цы æрыгон чызг сæмбæлд æмæ дæ-уыл, куыд ацæргæ адæймагыл, хæрзæгъдауæй бацин кæныны бæсты йе‘нæхсæстдзинад, йæ æнæфенддзинад равдыста. Иннæмæй та, йæ ахаст, йæ уаг зæрдæмæдзæугæ никуы уыдзысты, уый мæ фидарæй уырны.
Фæлæ дызæрдыггаг нæу, ахæмтæ нæм тынг бирæ кæй ис. Рая фæрсы газеткæсджыты, ома, сымах та куыд бакодтаиккат ахæм уавæрты. Ахæм æнæнхъæлæджы рæстæг адæймаг æваст фæуыргъуыйау вæййы. Хъæугæ дзуапп раттын нæ, фæлæ йæ фæндаг дæр зынæй ссардзæн. Æз æрмæстдæр, Рая, дæу басабыр кæныныл архайын, уыдон та ахæм газетæн йæ ном дæр никуы фехъуыстой, кæсгæ дæр æй нæ кæнынц.
Мæнæн мæ бон дард цæуын нал у, фæлæ ма уæддæр хæстæг посты
хайадмæ, поликлиникæмæ, афтекмæ, дуканимæ рацæ-уын. Сомыхъом дæн: раст сæ цыма барæй равзæрстой ацы сылгоймæгты, афтæ мæм кæсы. Цы – сæ ахаст, цы – сæ узæлд, се сныхас. Адæймаг сæ зæрдæрухсæй баззайы. Æмхуызонæй Хуссайраг посолечы цæрджытæн лæггад кæнынц, уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæм тавицы аккæгтæ дæр æхсызгондзинадæн бирæ ис.
Дæуæн та, Рая, мæн фæнды зæгъын, æмæ адæймаг цас зондджындæр, куырыхондæр у, уый бæрц фылдæр фæбары. О, ахæм хъæддаг адæймагæн æмбæлы уайдзæф бакæнын, фæлæ йæм цымæ фехъуысдзæн…
Къæбысты Отар,
Хуссайраг поселок