Регионалон æхсæнадон организаци «Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты цæдис» байгом Дзæуджы-хъæуы, йæ сæрдар – Пилиты Вано, афтæмæй.
Арæнхъахъхъæнæг æмæ Уæлдæфон-десантон æфсæдты, Афганистан æмæ «Хæстон æфсымæрдзинад»-ы рес-публикæйы ветеранты цæдистыл ма бафтыд иу – Цæгат Ирыстоны регионалон æхсæнадон организаци «Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты цæдис». Йæ сарæзт у рæстæджы домæн. Организацийы нысан – æхсæнады патриотон хъомылад парахат кæнын, уæлдайдæр фæсивæды ‘хсæн, астæуккаг æмæ профессионалон скъолаты, стæй уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттимæ кусын. Уæлдæр ранымад ветеранты организацитимæ иумæйагæй сæ архайд сараздзысты ног фæлтæры хъомылады куыстмæ.
Ахсджиаг у æбæрæгæй фесæфæг хæстонты агурыны куыст банывыл кæнын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæй иуты хъысмæты тыххæй бæлвырд информаци нæй. Цæдисы уæнгтæ уыцы фарстайыл дæр кусдзысты, цас бахъæуа, уый бæрц.
Ног ахуыры азæй æппæт скъолаты дæр ахуыр кæнын райдыдтой ног предмет – «Æдасдзинады бындур æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын». Фылдæр уыцы предмет амонынц, фæлтæрддзинад кæмæ нæй, ахæм ахуыргæнджытæ. Уыцы хæс сæхимæ райстой уæлдæр ранымад ветеранты организациты уæнгтæ. Ныр та ма сыл бафтыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ дæр, уымæй
ахуырадон программæ нывылдæр æххæстгонд цæу-дзæн. Æнæпилотон тæхæг аппараттимæ кусын сæхицæй хуыздæр чи сахуыр кæндзæн, йæ базонын кæй бафæнда, уыцы адæймагæн уый фæдыл арæзт цæудзысты сæрмагонд
ахуыртæ. Хъуыдыйаг сты, æфсæддон операцийæ
фæстæмæ здæхæг хæс-тонты интерестæ барадон æгъдауæй, закъон хæлдтытæй бахъахъхъæныны, стæй хæстонты бинонтæн æххуыс кæныны фарстатæ. Цæдисы уыцы цаутæм дардзысты хъус, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнынæн цы управлени æрцыд арæзт, уыимæ. Ног сарæзт цæдисы куыстмæ се ‘ххуысы хай хæссынæй зæрдæ бавæрдтой амалхъом адæймæгтæ Хæдарцаты Махарбег æмæ Фадзайты Арсен. Алывæрсыг æххуыс та, æнæмæнг, хъæуы нæ хæстонты, райдай хойраг æмæ хостæй, æмæ фæу техникон фæрæзтæй.
Иннæ ахсджиаг фарс-та – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын æмæ йæ бынатмæ хæццæ кæнын.
Ирыстоны бирæ ис, йе‘ххуысы хай чи хæссы уыцы хъуыддагмæ, ахæм адæймæгтæ. Иутæ йæ æргом дæр нæ кæнынц, кæд æмæ цавæр æххуыс бакодтой нæ хæстонтæн, уый. Æххуыс та хъæуы, кæмæйфæнды куы цæуа, уæддæр. Цæдисы уæнгтæй хуыздæр чи зоны, цавæр æххуыс æмæ кæдæм хъæуы арвитын, уыдон архайдзысты, цæмæй æххуыс афоныл æмбырдгонд цæуа æмæ йæ, кæдæм хъæуы, уыцы ранмæ аласой. Уымæй уæлдай, организаци æнгом кусдзæн республикæйы мидхъуыддæгты оргæнтимæ. Æмбырды сфидар кодтой регионалон æхсæнадон организацийы уагæвæрд, ныр бавналдзысты, сæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон æххæст кæнынмæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА