Цæгат Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз, æмæ йæ фыццаг бон – 4 сентябры – Алагиры 2-æм скъола бабæрæг кодта йæ рауагъдон, республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
– Нæ зынаргъ скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ! Арфæ уын кæнын ног ахуыры азы райдайæны фæдыл!
Скъолайы къæсæрыл абон фыццаг хатт бахиздзысты 8 445 фыццагкъласоны, 4 641 æрыгон чызджы æмæ лæппуйы та систы уæлдæр ахуыргæнæндæтты фыццагкурсонтæ. Ис ма нæм æндæр хорздзинæдтæ дæр – ацы ахуыры аз сæ куыст райдайдзысты ног скъолатæ Беслæн æмæ Хъызлары, сæ дыууæйы дæр скъоладзаутæн ис 1 100 бынаты. Уымæй уæлдай ма республикæйы скъолаты кусын райдай-
дзысты «Рæзты тæлмытæ» – 13, «Кванториум», зæгъгæ, дыууæ технопарчы, авиацион техникæимæ баст 18 къласы. Уæлæмхасæн ахуырады алыхуызон секцитæ æмæ къордты фæзындзæн ахуыры ног 20 мин бынаты. Æнæмæнг, дарддæр дæр размæ кæндзыстæм ахуырады къабаз, араздзыстæм ног скъолатæ, чи ис, уыдон та кæндзыстæм бындурон цалцæг, æвæрдзыстæм дзы ног ифтонггæрзтæ æмæ нырыккон техникæ, ахуыргæнджытæн мызд фидыны къабаз нывыл кæныныл дæр архай-
дзыстæм.
Зынаргъ сабитæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй удыхъаруйæ уат фидар! Уæхи-
уыл, уæ тыхтыл æууæндут, уæ размæ стыр нысантæ æвæрут æмæ ныфсджынæй размæ цæут! Зивæг ма кæнут, уæхиуыл архайут, æмæ уæд æнтыстытæ дæр, æнæмæнг, къухы æфтдзысты! Мах та, уæ хистæртæ, алкæддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ, – арфæ ракæнгæйæ, загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы Сæргълæууæг æрымысыд йæхи ахуыры азтæ, йæ сабибонтæ, 57 азы размæ ацы скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт куыд бахызт, уый:
– Мæ ныййарæг мад дæр куыста ахуыргæнæгæй ацы скъолайы, уый уыд, алы саби дæр йæ зæрдыл уæлдай тынгдæр кæй бадары, ахæм диссаджы амондджын рæстæг. Бузныг, уæ бæрæгбонмæ мæ кæй фæхуыдтат, уый тыххæй. Амондджын ахуыры аз уын фæуæд!
Республикæйы Сæргълæууæгæй уæлдай, бæрæгбоны архайдта Алагиры районы муниципалон сконды разамонæг Дзантиаты Ислам. Уый дæр арфæ ракодта скъола-
дзаутæн æмæ загъта, ног ахуыры аз сын сæ къухы бирæ æнтыстытæ куыд бафта, уый сын йæ зæрдæ кæй зæгъы.
Дедегкаты Зæлинæ