Бюджетон бынæттæ

0
21

Цыппар уæлдæр цæгатирыстойнаг скъолайы бахыгътой ахуырадмæ исæн куысты бæрæггæнæнтæ.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты 799 бюджетон бынæттæм студенттæ ист æрцыдысты. Уымæй уæлдай, фæсарæйнаг адæймæгтæн Уæрæсейы ахуырад радтыны фæдыл квотæмæ гæсгæ, æртæ абитуриенты ахуыр кæнынмæ райстой цæстдарæн нымæцтæй уæлæмæ. 1323 адæймаджы уæлдæр скъолаимæ сфидар кодтой æхца фидыны бындурыл ахуырад райсыны фæдыл бадзырдтæ.

Абитуриенттæм æппæтæй кадджындæр уыдысты: куыстадон математикæ æмæ информатикæ, информатикæ æмæ нымайæн техникæ, менеджмент, туризм, психологи, сæрмагонд дефектологон ахуырад, лингвистикæ, юриспруденци æмæ стоматологи. Цæттæкæнынады дыууæ профилимæ æрæджы кæй байгом кодтой, уыцы ног къабазмæ – педагогон ахуырадмæ – дæр фаг студенттæ ахуыр кæнынмæ бацыд.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы бюджетон бынæттæм ахуыр кæнынмæ райстой 385 абитуриенты (уыдонæй 160 адæймаджы – нысанмæарæзт квотæмæ гæсгæ æмæ 38 инвалиды). Уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операци чи æххæст кæны, уыцы æфсæддон службæгæнджыты 30 сывæллоны хицæн паддзахадон квотæмæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ райстой. Мед-
академийы коммерцион хайадмæ бацыд 381 адæймаджы (уыдонæй 25 – фæсарæйнæгтæ).

Астæуккаг профессион æмæ уæлдæр ахуырадон программæтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы хæххонметаллургон институтмæ ахуыр кæнынмæ райстой 2076 абитуриенты. Федералон бюджеты фæрæзты хардзæй æхцайæ кæй ифтонг кæнынц, уыцы бынæттæм бацыд 851 адæймаджы, æхцайыл ахуырадон лæггæдтæ æххæст кæныны фæдыл бадзырдтæм гæсгæ та – 1220 адæймаджы. Студенттæ арæхдæр æвзæрстой мæнæ ахæм дæсныйæдтæ: арæзтад, информатикæ æмæ нымайæн техникæ, куыстадон информатикæ, нефт æмæ газы хъуыддаг, згъæруадзæн хъуыддаг æмæ архитектурæ.

Хæххон паддзахадон аграрон университетмæ ахуыр кæнынмæ кæй
райстой, уыцы 1342 адæймагæй 496 адæймаджы сты бюджетон бынæтты. Абитуриенттæ ахуырадæн нæ республикæйы аграрон университеты арæхдæр æвзæрстой: ветеринари, агроинженери, хъæууонхæдзарадон продукцийы рауагъды технологи æмæ биотехнологи.

Датиты Ольгæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here