Иры нæртон хъæбулы кадæн

0
32

Ирон адæмы иузæрдион хъæбул, поэт, публицист, драматург, прозаик, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы юбилейы кадæн нæ
республикæ æмæ нæ бæстæйы æндæр горæтты цы литературон изæртæ, равдыстытæ, концерттæ, конференцитæ  æмæ фембæлдтытæ уыдзæн, стæй ныридæгæн бæрæгбонмæ куыд цæттæ кæнынц сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, уый тыххæй нын радзырдта  РЦИ-Аланийы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ.

– Иры фарны хъæбул Хетæгкаты Къостайы юбилейты кæддæриддæр уæлдай стырдæр хæс æвæрд вæййы нæ республикæйы культурæйы артдзæстыты коллективтыл, литературæ æмæ зонады архайджытыл. Цы хуызы арæзт æрцæудзæн ацы хатт та номдзыд поэты юбилей?

– РЦИ-Аланийы Культурæйы министрад æмæ нæ иннæ министрадтæ, ахуырад æмæ зонады сæйрагдæр артдзæстытæ – алкæддæр зæрдиагæй сæмбæлæм
Хетæгкаты Къстайы юбилейыл. Æрæджы уыд юбилеймæ цæттæгæнæн хицауадон къамисы æмбырд. Йæ разамонæг у нæ республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Платы Альбинæ.

Алы хатт куыд вæййы, афтæ,  Ирон аргъуаны кæрты Къостайы ингæн æмæ Ирон театры раз фæзы йæ цыртдзæвæныл нæ республикæйы Хицауад, Парламенты, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамынд, сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ сæвæрдзысты дидинджытæ. Кæс-
дзысты йын йе ’мдзæвгæтæ. Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы  байгом кæндзыстæм номдзыд поэты цыртдзæвæн-бюст.

Мæскуыйы Стыр театры 10-19 октябрмæ арæзт æрцæудзысты  Цæгат Ирыстоны культурæ æмæ аивады бонтæ  Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы, Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы, Дзæуджыхъæуæн бындур-æвæрд куы ‘рцыд æмæ Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы зæрдылдарæн юбилейон  бæрæгбонты кадæн. Нæ бæстæйы сæйраг культурон артдзæст – Стыр театры сценæйы уыдзæн Уæрæсе æмæ Ирыстоны аивады дæсныты стыр концерт. Ацы бæрæгбоны архай-
дзысты нæ бæстæ æмæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады бæрнон кусджытæ, уазджытæ Цæгат Кавказ æмæ Уæрæсейы алы  регионтæй.  Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уыдзæн цæлхæмбырд. Ныхас  дзы  кæндзысты  нæ бæстæ,  Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы зындгонд фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ, литературон критиктæ, Къостайы сфæлдыстад дунейы æндæр æвзæгтæм раивыныл чи архайы, уыцы тæлмацгæнджытæ, нæ номдзыд поэты бирæвæрсыг,   хъæздыг æмæ мидисджын сфæлдыстадыл. Уымæй уæлдай ма, Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады Культурон центры  уыдзæн, Къоста æмæ Цæгат Ирыстон, стæй Дзæуджыхъæу æмæ Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы зæрдылдарæн юбилейты кадæн равдыстытæ, фембæлдтытæ æмæ тематикон изæртæ.

Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн республикон институт æмæ Национ наукон библиотекæйы уыдзæн Хетæгкаты Къостайы юбилейы кадæн наукон-практикон конференцитæ. Зонадон чиныгдоны ма, наукон  форумæй уæлдай, уыдзæн нæ номдзыд поэты цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг чингуытыл афæлгæстытæ, равдыстытæ, аив дзырды конкурстæ, фембæлдтытæ Къостайы сфæлдыстад иртасæг ахуыргæндтимæ, нæ зындгонд фысджытæ æмæ поэттимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Национ наукон библиотекæ алкæддæр саразы бирæ цымыдисаг изæртæ æмæ фембæлдтытæ Хетæгкаты Къоста æмæ национ культурæйы зынгæ архайджыты, нæ бæстæ æмæ Цæгат Кавказы зындгонд поэттæ æмæ нывгæнджыты юбилейтæм. Дзæуджыхъæу æмæ нæ республикæйы цы библиотекæтæ æмæ культурæйы артдзæстытæ ис, уыдон дæр Иры разагъды хъæбулы юбилеймæ  цæттæ кæнынц сæрмагонд тематикон равдыстытæ, литературон-музыкалон композицитæ,  концерттæ. Афтæ ма Хетæгкаты Къостайы юбилей кад æмæ радимæ бæрæггонд æрцæудзæн нæ
бæстæ, Цæгат Кавказ,хæстæг æмæ дард фæсарæнты.

– Нæ республикæйы театртæ æмæ музейты коллективтæ та куыд цæттæ кæнынц сæхи юбилеймæ?

– Тугъанты Махарбеджы номыл республикон аивæдты музей цæттæ кæны Хетæгкаты Къостайы конд нывты равдыст. Дзæуджыхъæуы  номдзыд поэты мемориалон хæдзар-музейы хъуамæ рæхджы райдайой цалцæггæнæн  куыстытæ.  Нары Къостайы райгуырæн хъæуы ныртæккæ цæуы  стыр  арæзтад. Хъуамæ дзы байгом уа  музей гом арвы бын «Этнодеревня». Поэтæн  нæм ам  цы мемориалон хæдзар-музей ис, уый дæр кусы бæлвырд иудадзыгон фæткмæ гæсгæ. Кæд 19 октябрмæ  Нары хъæуы арæзтадон куыстытæ фæуой, уæд Къостайы райгуырды  юбилейон бæрæгбон- театрализацигонд равдыст уым  сараздзыстæм. Арæзтад кæронмæ куы нæ ахæццæ уа, уæд Дзæуджы-
хъæуы Ирон театры раз фæзы, Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны цур уыдзæн  нæ бæрæгбон. Фендзыстут   дзы,  нæ республикæйы æппæт театрты коллективтæ кæм архайдзысты, ахæм театрализацигонд цымыдисаг стыр  равдыст. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион  театры сценæйы та нæ аивадуарзджытæ æмæ, бæрæгбонмæ  Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы горæттæй чи ссæудзæн, уыцы уазджытæ бакæсдзысты  поэты æмдзæвгæтæм гæсгæ арæзт театралон композици  «Се человек»-мæ.  Сценæйы æвзагмæ йæ раивтой  режиссер æмæ актер Цæриаты Валери æмæ УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, поэт, тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæ. Декабрмæ  ма  ирон театр-
дзаутæн  Цæриаты Валери цæттæ кæны Туаты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Къоста» сценæйы сæвæрынмæ. Сæйраг роль – номдзыд поэты сурæт  дзы сараздзæн РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Цæллагты Сослан. Дзæуджыхъæуы Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион æмæ Куклаты республикон театр «Саби» æмæ Бæхты паддзахадон театртæ дæр  Хетæгкаты Къостайы юбилейон бонты аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кæндзысты йæ цард æмæ сфæлдыстадмæ гæсгæ æвæрд театралон равдыстытæ æмæ спектакльтæй.

– Нæ республикæйы культурæйы зындгонддæр æмæ рагондæр артдзæстытæй иу у Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей. Цалдæр азы дæргъы дзы цыдысты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Йæ байгом кæныны æмгъуыдтæ бæрæг нæма сты?

– Ацы музейæн ис хъæздыг истори. Йе ’вæрæнты бирæ цымыдисаг æрмæг у бæстон æмæ бæлвырд æфснайд. Бындуронæй йæ сцалцæг кодтам. Уый тыххæй мæ бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ  Хицауадæн, Национ музейы коллектив æмæ аразджытæн. Ныридæгæн дзы кæронмæ æрхæццæ сты аивгæнæн куыстытæ дæр. Хъуамæ ма дзы сæвæрæм, ног экспозицион равдысты æрмæг кæм равæрдзыстæм, ахæм нырыккон тæрхæджытæ.  Музей нырыккон царды домæнтæн цæмæй  дзуапп  дæтта, ууыл бацархайдтам, æмæ куы куса, уæддæр ма кусдзыстæм ууыл, цæмæй йæ фондтæ хъæздыгдæр кæной, йæ равдыстытæ та – цымыдисагдæр.

– Республикæйы Фысджыты цæдис æмæ литературон журналты редакциты кусджытæ та Хетæгкаты Къостайы юбилеймæ сæхи куыд цæттæ кæнынц?

– Фысджыты цæдисы ног разамонæг Хозиты Барис нын куыд загъта, афтæмæй Къостайы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæу æмæ нæ республикæйы ахуырад æмæ культурæйы артдзæстыты цы фембæлдтытæ æмæ равдыстытæ вæййы, уыдоны иудадзыгдæр Фысджыты цæдисы уæнгтæ зæрдиагæй бацархайынц.  Ацы сфæлдыстадон организацийæн йæхи мидæг дæр арæзт æрцæудзæн тымбыл стъолы уæлхъус фембæлд. Архайдзысты дзы нæ бæс-тæйы Фысджыты цæдисы разамынд, зындгонд литературон критиктæ, фысджытæ æмæ поэттæ. Сæ ныхасы сæр – Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад æмæ йæ абоны фæлтæртæм хуыздæр кæныныл
куысты сæйрагдæр гæнæнтыл æмæ фадæттыл мидисджын ныхас. Журналтæ «Дарьял», «Ногдзау» æмæ «Мах дуг»-ы редакцитæ цæттæ кæнынц Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст юбилейон сæрмагонд номыртæ. Журналкæсджытæ, фысджытæ, поэттæ æмæ фæсивæды ’хсæн та сараздзысты тематикон конкурстæ. Уыдонæй уæлдай ма ногæй уагъд æрцæудзысты хицæн чиныгæй  Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ иронау,   уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæм тæлмацгондæй.

– Маринæ, бузныг дæ бæстон дзуаппыты тыххæй. Дæ цард æмæ дæ бæрнон куысты æнтыстджын у!

 

Ныхас ныффыста
Гасанты Валери   

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here