Адæймагæн йæ ном куы сдзурай, уæд лæджы цæсгом хъуамæ рухс кæна, уыцы уаг æмæ фæзынд дзурæг у, мах зæххон адæм кæй стæм, æцæгæйдæр, Хуыцауы фæлгонцы халдих. Ахæм хъуыдытимæ йæ хъысмæты фæндагыл кад æмæ радимæ цыд Заманхъулы хъæуы астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнæг, фæстæдæр та ахуыры хайады сæргълæууæг Таутиаты-Гуырдзыбеты Гæлæуы чызг Зæирæ.
Ацы уæздан сылгоймаг, фæзминаг хистæр æмæ дæсны ахуыргæнæг райгуырд 1942 азы 5 декабры Дур-Дуры хъæуы. Йæ сабидуджы бавзæрста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау цард æмæ уый фæстæ азты тухитæ. Йæ фыд Гæлæу ацыд тохы цæхæрмæ æмæ хъæбатырæй фæмард Сталинграды.
Фидæны ахуыргæнæг Зæирæ, йе ‘фсымæр Æхсар, хотæ Замирæ æмæ Валентинæ кæд нырма хæрзæвзонг уыдысты, уæддæр кæрæдзийы ныфс æмæ тыхтæй цардысты, фидæн хуыздæр æнхъæлæй. Царды зынты сæрты хызтысты рæстаг фæллой æмæ хорз ахуыр кæныны зондимæ.
Йæ райгуырæн хъæу Дур-Дуры астæуккаг скъола каст куы фæци Зæирæ, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы педагогон училищæйы. Райста дзы райдайæн кълæсты ахуыргæнæджы дæсныйад.
Йæ арфæйаг рухстауæн архайды фыццаг къахдзæфтæ акодта Заманхъулы хъæуы астæуккаг скъолайы. Йæ куысты фыццаг бонæй фæстæмæ Зæирæ уыд йæ ахуырдзаутæн ахуыргæнæг дæр, мадау рæвдауæг дæр, цæстуарзонæй зондамонæг æмæ йе скъоладзаутæ раст æмæ рæсугъд цардмæ тырнæг, æхсæнадæн сæ бæзгæ нысантæм аразæг. Йæ алы урок дæр Зæирæйæн афтæ цымыдисаг уыд, æмæ йæм кæддæриддæр йæ ахуырдзаутæ уадысты æхсызгонæй. Хорз цæстæй йæм кастысты скъолайы разамынд æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Уæдæ йæ ахуырдзауты ныййарджытæн дæр уыд раст сæхи тугхæстæгау уарзон æмæ зынаргъ адæймаг. Фæсурокты хъомыладон куысты та- иу кæддæриддæр архайдта, цæмæй скъоладзауæн, йæ уды цы арæхстдзинад æмæ сфæлдыстадон курдиат ис, уый æппæтвæрсыг æмæ парахатæй райхæла. Уый уыд йæ бирæазон сыгъдæгзæрдæ куысты нысан Зæирæйæн.
– Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ æвзæр ахуырдзау нæй. Кæстæры уды цы аиппытæ ис, уыдоны æз агуырдтон мæхи рæдыдтытæ. Райдзаст цæстæнгас, зонд æмæ
цæстуарзон амынддзинады руаджы хъуамæ ахуыргæнæг фæндаг ара алы скъоладзауы зæрдæмæ дæр, – дзырдта –иу арæх Зæирæ.
Ацы вазыгджын хъуыдыйы нысан йæ къухы æфтыд хорзæй. Йæ
ахуырдзаутæй иу дæр ахæм нæй, æмæ дзы галиу зондахаст кæмæ разына, йæ дæсныйадæй æхсæнадæн, адæмæн хорзы чи нæ цæуа. Йæ профессионалон арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ, хъомыладон куысты уаг афтæ æмбæлгæ хуызы арæзт уыдысты, æмæ ма йын бабар кодтой скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæджы хæстæ дæр. Ацы бынаты дæр йæ бæрнон, фæлæ арфæйаг
хæстæ æххæст кодта арæхстджынæй.
Заманхъулы хъæуы Зæирæ ссардта йæ амонд дæр. Фарны къах бавæрдта Таутиаты Дзæрæхмæты хæдзармæ йæ фырт Эльбрусы номыл. Куыд уæздан æмæ æгъда-
уылхæст мыггаджы чындз, афтæ Гуырдзыбеон хиуæттæн, сыхбæстæн, хъæуæн фæкодта, нæртон сылгоймагау, кад æмæ рад, цины уа, зианы хъуыддаджы, æхсæны царды йæ алы ныхасы, къухмийы, æрлæуды, хъуыддаджы уыд фарн, уæз. Йæ цот Батрадз, (не ’хсæн нал ис, рухсаг уæд), Мурат æмæ Ритæ райстой уæлдæр ахуырад, бакодтой бинонты хъуыддаг. Зæирæйы чызг Ритæ дæр йæ ныййарæгау у ахуыргæнæг. Æнтыстджынæй каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультет. Къорд азты фæзминагæй фæкуыста астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.
Фарон Заманхъулы кадджындæр хистæртæй иу, педагогон куысты ветеран, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, уарзон ныййарæг, Таутиаты мыггагæн уарзон чындз, рæвдауæг нана Таутиаты-Гуырдзыбеты Зæирæ фæхъуыд ацы дунейæ, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта цард æмæ профессионалон архайды рухс фæд. Йæ ном рох нæ уыдзæн Заманхъулы цæрджытæ æмæ йæ бирæ ахуырдзаутæй…
Анвараты Валери