Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы куыс-
ты бынæттæ æмæ паддзахадон бынатахсæг адæймæгтæн иуæй-иу социалон зæрдæдарæнты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Документ уы-
дзæн федералон закъоны проектæн йæ халдих. Уым куыд амынд ис, афтæмæй, ранымад бынатахсæг адæймæгтæ сæ куыст куы ныууадзой кæнæ сыл фæсарæйнаг агенты статус æвæрд куы æрцæуа, уæд уæлæмхасæн социалон зæрдæдарæнтæй цухгонд æрцæудзысты.
Афтæ, ацы фарста нывыл кæны, Черчесты Аслан ма æркæсынмæ кæй бавдыста, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаты статусы тыххæй» æртæ закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» республикæйы уыцы закъоны проект дæр.
Республикæйы бюджет ацы азы фыццаг æмбисы æххæстгонд куыд æрцыд, уый фæдыл раныхас кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Куыд загъта, афтæмæй афæдзы æмбисы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 24 миллиарды 913 милуаны æмæ 156 мин сомы, кæнæ, пъланмæ гæсгæ цы нымæц уыд, уымæн йæ 51 проценты; хæрдзтæ – 26 миллиарды 643 милуаны æмæ 941 мин сомы, кæнæ та пъланы æвæрд нымæцæн йæ 52,3 проценты; афтæмæй, бюджеты кадавар рауад 1 миллиард 630 милуаны æмæ 684 мин сомы. Раныхасгæнæг бафиппайдта хъалонты æмæ æнæхъæлонты æфтиæгты рæзт æмæ загъта, хъалонтæн сæ фылдæр – 55,2 проценты – кæй сты, æфтиæгтæй цы хъалон фыст цæуы, уый. «Афæдзы фыццаг æмбисы республикон бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уымæ ма иу хатт каст æрцæудзæн комитеты хæстæгдæр æмбырд, Финансты министрад дæр дзы куыд архайа, афтæ», – загъта Тауитты Алыксандр.
– Финанстæй раст пайда кæнын у алы кусæндæттæ æмæ организацитæн сæ нывыл архайды бындур. Уымæй уæлдай, ногæй æркæсын хъæуы, гранттæ æмæ субсидитæ цы уагæвæрдмæ гæсгæ лæвæрд цæуынц, уымæ, стæй равзарын, бюджетыл цы хъалонты уæз æвæрд ис, уый дæр, – бафиппайдта Тускъаты Таймураз.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы туризмы къабазы тыххæй» закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект депутатты размæ æркæсынмæ рахаста Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги. Документ нывыл кæны æмæ паддзахадон цæстдард æвæры, туристтимæ чи кусы, уыцы инструкторты æмæ, туристон æгъдауæй лæггадгæнæг æндæр уыцы хицæн амалхъомтæ æмæ физикон иуæгты архайдæн. Рагагъоммæ амынд куыд цæуы, афтæмæй, хъуыддаг куыд æххæстгонд цæудзæн, уымæ цæстдарыны хæс æвæрд цæуы республикæйы Туризмы комитетыл.
Федералон æмæ республикон закъонты проектты фæдыл ма ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги, Кочораты Олег æмæ Реуазты Ларисæ.
Уымæй уæлдай, советы уæнгтæ æркастысты Парламенты æртынæм æмбырды боны фæткмæ æмæ сбæлвырд кодтой йæ саразыны æмгъуыд. Уый фæдыл ныхас кодта Тускъаты Таймураз.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ