Аивад адæмы иу кæны

0
38

Газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг Бызыккаты Земфирæ фембæлд Алагиры районы Уыналы муниципалон зылды сæргълæууæг Мæргъиты Тамерланимæ, æмæ се ‘хсæн рауад цымыдисаг æмæ хъæугæ ныхас.

– Тамерлан, куыд зонæм, афтæмæй Уыналы зылды цæрыс æмæ кусыс   дзæвгар азты…

– Райгуырæн зæхх адджын у… Æвæдза, цæй диссаг у хæхбæстæ. Уæлладжыры комы Бызы хъæу раздæр уыд бæрзонддæр ран. Ацы ран змæлгæ зæхх у, зæххæнкъуысты рæстæджы «быз-быз» фæкæны, æмæ йæ уымæ гæсгæ схуыдтой Бызы хъæу. Раздæр дзы уыдис хъæусовет, скъола, сывæллæтты рæвдауæндон…

Советон рæстæг куы ралæууыд, уæд цæрджытæ цæрынмæ бындæр æрцыдысты. Фæндаг æм уыд алырдыгæй, ныртæккæ та фæндаг цæуы æмраст.
Рæстæг цыд, цард ивта, цæрджытæн дæр шахтæты куыст фæзынд. Уалынмæ бельгийæгтæ фæзындысты æмæ шахтæтæ сæхи бакодтой, истой дзы сыгъзæрин æмæ æвзист, фæлæ сын зынаргъ цыдис. Уæд фæстæдæр байгом кодтой фабрикæ æмæ райдыдтой цинк æмæ здыйы куыст…

Бызы хъæу уыд сæдæ метры дæлдæр, сæ кувæндон хуыйны Сау барæг. Ныртæккæ хъæуы цалдæр хæдзары йеддæмæ нæй. Сау барæ-джы дзуармæ кувынц  Бутатæ, Дудиатæ, Бицъотæ. Сау барæгæн дыууæ кувæндоны ис: иу – Бызы хъæуы, иннæ та – Зынцъары. Ам фылдæр адæм цæрынц: Хъайттатæ, Черчестæ, Уататæ, Кæсæбитæ, Æмбалтæ, Цæру-къатæ. Дзуары бæрæгбон фæкæнынц уыцы иу бон, Хетæджы дзуары бонæй иу къуыри фæстæдæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Тæмискъмæ немыцæгтæ æрбахæццæ сты, сæ фæндаг уыд Бакумæ. Ацы ран фæндаг уыди къуындæг. Уæд цинк æмæ зды лас-той бæхуæрдæтты æмæ дзы Тæмискъмæ æрбацæуæны уыдис, фæндаггонтæ æхсæв кæм улæфыдысты, ахæм цалдæр лæгæтгонды. Æрбацæуæн фæндаг рæмудзæн æрмæгæй уыд йæ тæккæ дзаг. Кæм-иу æрбахызтаиккой немыц, уым сæ-иу срæмыгътаид, фæлæ уæдмæ æрбатахт дыууæ хæдтæхæджы Урс хохы коммæ, – «мессершмидтæ». Æркалдтой бомбæтæ, æмæ фæмард сты цæрджытæ…

Фыццаг бомбæ æрхауд уæлхох быдырты къæдзæхты ‘хсæн Урс хохы коммæ, мæнæ ацы ран, Бызы хъæуы. Нæ цуанон лæппутæ Хъантеты Савели æмæ йе ‘мбæлттæ партизантæ уыдысты, фехстой йæ, æмæ хæдтæхæг комы къæдзæхты ‘хсæн ныххауд.

Дыккаг бомбæ немыц æрæппæрстой Зынцъары Черчесты хæдзарыл, æмæ дзы фесæфт фондз адæймаджы. Иннæ хæдзар дыууæ дихы фæцис, фæмард  дзы сты ноггуырд сывæллон авдæны бастæй, постхæссæг Æмбалты Варычкæ æмæ дыууæ салдаты. Уыцы ран бомбæйы цæфæй Бызы зæхх дæлæмæ æрлæбырдис.

Æртыккаг бомбæ æрхауд Цъамады хъæуыл. Цæрджытæн ницы фыдбылыз æрхаста, æрмæстдæр бирæ рæстæг уыцы ран хъæд сыгъдис суанг зымæгмæ. Иннæ, цыппæрæм бомбæ, немыцаг хæдтæхæг æрæппæрста Мызуры поселокыл, фæндзæм бомбæ та æрхаудис Хъазыбеджы горæтыл.

Æз Мызуры райгуырдтæн æмæ мын ацы ран алцыдæр, куыд фæзæгъынц, мæ зæрдæмæ æввахс æмæ зынаргъ у. Зонын дзы алы дур, алы къутæр дæр. Ис нæм
иуæндæс хъæуы: Бызы цæры 7 хæдзары, Зынцъары – 46 хæдзары, Инджыны хъæуы – 2, Урсдоны – 7, Донысæры – 2, Дагомы – 12, Цъамады – 12, Луары цæрæг нæй, фæлæ дзы æрæ-джы скодтам мæсыг, Холсты – 9 бинонтæ æмæ реабилитацион центр,  Уæллаг Уыналы – 32 хæдзары, Дæллаг Уыналы 100 хæдзарæй фæфылдæр сты.

Ныртæккæ Уыналы цæрæг Цæллагты Викторы фырт Зауыр, Санибайы кувæдон цалцæг кæнын куы райдыдтам, уæд нæ фарсмæ балæу-
уыд æмæ нын æрбаласта дур, змис, цемент, кусджытæ дæр нын ратта, æмæ кувæндон ныртæккæ иумæ рæвдз кæнæм октябрмæ, йæ бæрæгбонмæ.

– Алцыдæр хорз, фæлæ уæм аиппытæ æппындæр нæй?

– Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй 2008 азæй кусын Алагиры администрацийы. Ныр нæм ис лыггæнинаг фарстатæ. Дыууæ азы размæ Уыналы Культурæйы хæдзар сæхгæдтой… Æнæ аивадæй бынтондæр сæфæм, куыд ис цæрæн афтæмæй? Æмæ сагъæссаг
фестæм, цæмæн афтæ у цард нырттæккæ? Кæдмæ афтæ фæразæм?!

Раздæр-иу ардæм, клубмæ, цыдысты ирон театры артисттæ, семæ тынг лымæн уыдыстæм, æгъдау нын кодтой. Филармонийæ дæр нæм цыдысты, суанг æндæр районтæй дæр культурæйы кусджытæ. Кировы районы Культурæйы хæдзар нæм-иу ахæм концерттæ сласта, æмæ ма абон дæр сæ кой фæкæнынц Уыналы цæрджытæ.

Фæнды нæ, цæмæй нын нæ Культурæйы хæдзары дуæрттæ байгом кæной, æмæ адæм кæрæдзийы фарнæй фæрнджынæй цæрой ацы фæлдурæджджын рæстæджы…

Иннæ ахæм: Уыналы нын нæ доны хæтæлтæ ногтæй аивтой, сæ цæрæнбон бирæ! Фæлæ уый куыд у: бæстæ сызмæстой æмæ хъæуы уынгты, стæй хъæумæ æрбацæуæны цъыфæй æнæ цырыхъхъытæй ацæуæн нæй. Кусджытæ сæ фæстæ не ‘фснайынц, æмæ уый та у æнæзæрдæмæдзæугæ
куыст…  Худинаг у цæрджытæй, нæ хъæубæстæй!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here