Национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ кæй рацарæзтой, Терчы станицæйы уыцы чиныгдон рæхджы байгом кæндзысты.
Станицæйы цæрджытæ æхсызгонæй кæдæм цæу-дзысты, рацарæзт баххæстгæнæг специалисттæ бацархайдтой базæронд-уæвæг чиныгдонæй ахæм бынат саразыныл. Бындуронæй цы бæстыхай сцалцæг кодтой, уыцы чиныгдоны фæзынд ног чингуытæ, сæвæрдтой дзы нырыккон бандæттæ, стъолтæ, компьютертæ æмæ мультимедион комплекстæ. Рæхджы чиныгдонмæ фыццаг уазджытæ æрбацæудзысты.
Адæмæн уыдзæн ног фæлтæры чиныгдоны канд чин-гуытæ, журналтæ æмæ газеттæ бакæсыны нæ, фæлæ ма дæсныйадамонæг урокты архайыны, лекцитæм бай-хъусыны, стæй сфæлдыс-
тадон изæртæ саразыны фадат дæр. Районы цæрæг адæм аивгонд культурон объектæй райгонд кæй уы-дзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.
Саутæты Тамилæ