Ручъы æфцæджы фæндаджы Кæрдзынæй Æрыдонмæ 4 уаццаджы онг уæрæхгонд хайыл хæдтулгæтæ цæуын райдыдтой.
Специалисттæ аст километры дæргъæн фæндаджы хайыл кусынц фароны уалдзæгæй нырмæ. Амынд рæстæгмæ фæндагаразджытæ бацæттæ кодтой нырыккон стандартты аккаг цыппаруаццагон цыдимæ фæндагон уæлцъар. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгæнæг специалисттæ фæндаджы уæлцъар фæфидар кодтой, стæй дзы сарæзтой æртæфæлтæрон асфальт-бетон. Фæндаг цæмæй фидардæр уа, уый тыххæй амынд фæлтæрты æхсæн сæвæрдтой геохызæг. Фæндагмæ бацæуæнтæ дæр амынд уагæй цалцæггонд æрцыдысты.
– Фæндаджы хайы фæйнæ фарс чи ис, уыцы рухсдæттæг цырæгътæ ногтæй баивтам. Фистæг бæлццæтты æдасдзинадæн сарæзтам автобусты дыууæ æрлæууæны æмбондтимæ. Фæндаг донæй бахъахъхъæнынæн Бе-хъаны цады раз сарæзтам дыууæ метры бæрзæндæн æмæ 460 метры дæргъæн æфсæнбетон æмбонд. Дон фæндагыл цæмæй ма æмбырд кæна, уый тыххæй дзы сарæзтам нуктæ, – загъта фæндæгты управлени «Кавказ»-ы пресс-службæйы минæвар.
Фæстæдæр фæнда-джы амынд хайы кæрæттыл æрфидар кæндзысты ног æмбондтæ, стæй дзы фæзындзысты фæндагон нысантæ. Ацы аз срæвдз уыдзæн фæндаджы хайы фыццаг километр, иннæ авд километры та нывылгонд æрцæудзысты иннæ азы кæронмæ.
Фæндæгты управлени «Кавказ»-ы
пресс-службæ