Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны уыд зындгонд курдиатджын поэт Нугзараты Мараты сфæлдыстадон изæр. Кæд йæ сæйраг дæсныйад литературæимæ баст нæу, уæддæр сфæлдыстадон куыст рагæй кæны.
Курдиатджын поэтæн арфæ ракæнынмæ æмæ йын йе сфæлдыстады тыххæй цæстуарзон ныхæстæ зæгъынмæ Культурæйы галуаны залмæ æрбамбырд сты РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы разамынд æмæ уæнгтæ, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Рахизфарсы районы хайады минæвæрттæ, библиотекæты кусджытæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ, Мараты бирæ хиуæттæ æмæ æмбæлттæ.
Бирæ зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæты автор Нугзараты Марат кæд æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл фыссы, уæддæр ын сты Фыдыбæстæмæ, Ирыстонмæ, ныййарæгмæ, сылгоймагмæ сыгъдæг æнкъарæнджын хъуыдытæй дзаг, нæ хъæбатыр фыдæлты лæгдзинадæн аргъ кæныны рухс хъуыдытæй æххæст. Йæ фыццаг поэтикон
уацмыстæ мыхуыры рацыдысты районы газет «Рахизфарсы цард»-ы. Мыхуыры йын сæ рауагъта æмæ йын йе сфæлдыстады тыххæй фыццаг цæстуарзон ныхас загъта газеты уæды сæйраг редактор, журналист Дауыраты Дамир.
Зæрдæагайгæ æмдзæвгæты автор Нугзараты Мараты сфæлдыстадон изæры раныхас кодтой: РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, литературæиртасæг Хозиты Барис, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ, журнал «Дарьял»-ы поэзийы хайады сæргълæууæг Ольгæ Резник, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Хабæты Риммæ, Хуссар Ирыстоны телеуынынад «Ир»-ы уацхæссæг æмæ равдыстыты автор, поэт, публицист Санахъоты Иринæ.
Йе сфæлдыстадон изæрмæ чи ‘рбацыд, уыдонæн се ’ппæтæн дæр арфæ ракодта Нугзараты Марат æмæ бакаст йæ ног фыст æмдзæвгæтæ. Сæ курдиат ма дзы равдыстой зындгонд музыкант
Артур Клинчаев, Оперæ æмæ балеты театры зарæггæнæг Ольгæ Борисова æмæ Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны хореографион æмæ вокалон къордты архайджытæ.
Гасанты Валери