Уæрæсейы Президент Владимир Путин, 2024 азы, 1 октябрæй 31 декабрмæ, тагъд æфсæддон сужбæмæ фæсидыны тыххæй бардзырд бафыста. Хъуамæ службæ кæнынмæ фæсидой 133 мин адæймагмæ.
Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты Генералон штабы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æрсидтонты æмбырдгæнæн пункттæй службæйы бынæттæм æрвитдзысты 15 октябрæй фæстæмæ. Уыимæ, службæйы æмгъуыд ивд нæ цæуы, уыдзæн 12 мæйы.
Тагъд æфсæддон службæйы архайджыты сæрмагонд æфсæддон операцимæ нæ хондзысты.