Иугонд Нациты Организацийы Генералон ассамблейы 79-æм сессийы пресс-конференцийы архайдта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров.
Бæрзонд æмвæзады къуырийы фæлгæты конд пресс-конференцийы Сергей Лавров куыд загъта, афтæмæй Уæрæсе архайдзæн, цæмæй Гуырдзыстон йæ ахастытæ банывыл кæна Хуссар Ирыстон æмæ Абхазиимæ.
Кæд æппæт архайджытæ дæр сæ ахастытæ банывыл кæнынмæ тырнынц, кæрæдзимæ не ‘рбабырсыны тыххæй бадзырдтæ нæ фехалдзысты, уæд Мæскуы цæттæ у æххуысмæ. «Гуырдзыстоны ныры разамынд раст аргъ скодтой ивгъуыдæн. Афтæ загътой, ома, фæнды нæ историон
хуызы разыдзинадмæ æрцæуын. Разыдзинад цавæр хуызтæ райс-
дзæн, ууыл хъуамæ бæстæтæ сæхæдæг бауынаффæ кæной: Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз».
Иугонд Нациты Организацийы Генералон ассамблейы 79-æм сессийы Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе фæсидт Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, загъта, цæмæй «иугонд гуырдзиаг паддзахады» цæрой. Йæ ныхасмæ гæсгæ, гуырдзы хъуамæ «æппæт хæлд хидтæ дæр сараза».