Мах бæрæг кæнæм, Уæрæсеимæ Донецкаг, Луганскаг Адæмон республикæтæ, Запорожьейы, Херсоны облæсттæ кæй æрбаиу сты, уыцы бæрæгбон. Нæ бæстæйы æппæт граждæнтæн дæр арфæ кæнын ацы хъысмæтлыггæнæн бæрæгбонимæ. Цыдыстæм æм азты, алыхуызон æвзарæнты сæрты.
Донецкаг æмæ Луганскаг Адæмон республикæтæ, Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты цæрджытæ сæ удварны хæзнатæ, традицитæ, Фыдыбæстмæ уарзондзинад хъахъхъæнгæйæ, равдыстой сæ фидар ахаст, уæндондзинад. Аст азы дæргъы Донбасс цард амынæты, æхстытæ æвзаргæйæ, Новороссийы цæрджытæ æвзæрстой уæззау уавæртæ. Ацы регионты цæрджытæ уыдысты Киевы гæрзифтонг паддзахадон фæфæлдæхты ныхмæ, уый хицаудзинадмæ æрхуыдта неонацистты диктатурæ. Уыдонæн сæ размæ лæууыд Уæрæсейæ цыппар регионы атонын. Уый та сæ историон бæстæ у.
Сабыр фадæттæй Уæрæсе хъавыд фарста алыг кæнын, фæлæ ныгуылæйнаг элитæтæ равдыстой сайд æмæ фæлывд митæ, Украинæйæ рауа-
йын кодтой хæстон плацдарм, æрвыстой йæм хæцæнгарз, æххуырст хæстонты, уынаффæгæнджыты. Фæндыд сæ ног æфхæрæг акци райдайын бæс-тæйы хуссар-скæсæйнаг хайы æмæ 2014 азы цаутæ сног кæнын. Донецкаг æмæ Луганскаг Адæмон республикæты, Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты цæрджытæн, культурæйы, историон хæзнатæ, зæрдылдаринаг цаутæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй дæттут, фидар æмæ уæндон кæй стут, уый тыххæй бузныг.
Æз сæрыстыр дæн нæ хъæбатыртæй, сæ цуры уыдзынæн кæддæриддæр. Ныртæккæ сæрибаргонд горæттæ, хъæутæ ноггонд цæуынц, уырдæм сæ бавæрæн хæссынц æппæт регионтæ, амалхъомтæ, æхсæнадон, дины организацитæ. Æппæт уæрæсейæгтæн сæ æнгомдзинады, патриотон ахасты тыххæй бузныг зæгъын.