Æндæр паддзахады пайдайæн сусæг архайд…

0
166

Сæрмагонд оперативон-агурæн мадзæлттæ саразгæйæ, УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы кусджытæ кæрон скодтой Украинæйы цæрæджы æнæзакъон архайдæн (азымджын æй кæнынц æндæр паддзахады пайдайæн сусæг архайдæй).

Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй Украинæйы гражданин 1989 азы гуырд Евгений Конин, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы уæвгæйæ, иста УФ-йы Гæрзифтонг тыхты техникæйы къамтæ æмæ видеонывтæ. Уый фæстæ уыцы æрмæджытæ, сæ географион бынатæвæрд фæбæрæг кæнгæйæ, æрвыст цыдысты украинаг æфсæддонтæм.

Уыцы цауты фæдыл УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг управлени амынд нæлгоймаджы ныхмæ УФ-йы Уголовон кодексы 276-æм статьяйы бындурыл сарæзта уголовон хъуыддаг.

Ныр хъуыддагмæ æркаст Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондон. Амынд æрмæджытæм бæстон æркæсгæйæ, тæрхондон гуырысхойаджы аххосджыныл банымадта æмæ йын рахаста 8 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Амынд уынаффæ йæ тыхы бацыд.

Уæрæсейы Æдасдзинады
федералон службæйы
РЦИ-Аланийы управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here