Ирыстонмæ уазæгуаты ссыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ Ярославлы облæстæй. Фысымтæ сын бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. Уæллаг Фыййагдоны арæзт æрцыд концерт. Бæрæгбон байгом кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг хæрз-аудæн проект саразджытæн арфæ ракодта æмæ загъта, сæрмагонд æфсæддон операцийы знаджы ныхмæ хъаз-уатон тох чи кæны, уыцы хæстонты бинонтæн алывæрсыг æххуыс дæттын кæй хъæуы.
– Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин алкæддæр фæбæрæг кæны, нæ тых нæ иудзинады кæй ис, нæ хъæздыг истори, традицитæ æмæ æгъдæутты, культурæ æмæ хæд-хуыздзинады. Не знæгтæ афтæ хъуыды кодтой, Уæрæсе бирæнацион кæй у, уый нæ лæмæгъдзинад у. Фæлæ фæстаг азты цы бирæ цæлхдуртимæ æмбæлæм, уыдон ирдæй равдыстой, нæ иудзинад нын хъаруйы хос кæй у. Иумæ куы уæм, уæд тыхджын стæм! Æмæ знаг нæ фæуæлахиз уыдзæн! Абон нæ сæйраг хæс у фидæны фæлтæртæн нæ хъæздыг истори, культурæ бахъахъхъæнын, нæ традицитыл æфтауын, цæмæй нын бирæ азты фæстæ бузныг зæгъой. Уыцы хъуыддаджы фыццаг къахдзæф акодтам.
Хæрзаудæн проекты фæлгæты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сабитæ Ярославлы облæстæй æнæхъæн къуыри нæ республикæйы сæ фæллад уадзынц, нæ культурæ æмæ традициты тыххæй ног цымыдисаг зонындзинæдтæ исынц, бынæттон цæрджытимæ зонгæ кæнынц. Æмæ мæ ныфс ис, ахæм мадзæлттæ дарддæр дæр арæзт кæй цæудзысты. Нæ уазджытæ та ма бирæ рæстæг, сæхимæ аздæхгæйæ, мыс-дзысты Ирыстоны уазæг-уарзондзинад! – загъта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстоны Хицауады æххуысæй цæттæ кæнынц Уæрæсейы регионтæм сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн ахуырадон æмæ туристон балцтæ аразыны федералон программæйы проект. Йæ сæйраг нысан – рæзгæ фæлтæрмæ национ хиæмбарынад сæвзæрын кæнын, Уæрæсейы адæмты традицитæ, культурæ æмæ æгъдæуттимæ зонгæ кæнгæйæ.
Концертон программæйы архайдтой аив кæсыны æхсæнадон суперфиналы фæуæлахизуæвæг Реуазты Данæ, Æппæтуæрæсеон конкурс «Зæххы къорийы хуыздæр хъæлæс»-ы фыццаг къæпхæны лауреат Бититы Аннæ, кафт æмæ зарды ансамбль «Амонд», национ инструментты ансамбль «Нæртон».
Бæрæгбоны официалон хайы фæстæ Сергей Меняйло сывæллæттимæ зæрдиагæй аныхас кодта.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ярославлы облæстæй, сæ ныййарджытæ украинаг неонацистты ныхмæ карз тохы кæмæн архайынц, ахæм фæндзай сабийы къуыри улæфынц Цæгат Ирыстоны. Мадзал арæзт æрцыд, равдыст-форум «Уæрæсе»-йы Ярославлы облæсты Культурæйы министрад æмæ туроператор «Айз Тур» РЦИ-Аланийы Хицауады æххуысæй цы бадзырд бафыстой, уый фæлгæты.
Сывæллæттæн æмбæлгæ уавæртæ сарæзтой сæ фæллад суадзынмæ.
Ахуыдтой сæ республикæйы рæсугъддæр кæмттæм, бабæрæг кодтой музейтæ, театртæ, аргъуантæ. Чысыл уазджытæн бацамыдтой нæ национ инструменттыл цæгъдын, базыдтой «Симд» кафын дæр.
ГАПБАТЫ Алетæ