Ацы азы райдайæнæй абонмæ туризм нæ рес-публикæйы бюджетмæ бахаста 460 милуан сомæй фылдæр. Уыцы æхцайы ахъаззаг хай бакуыстой æхсæнадон хæрæндæтты æмæ туристтæн цæрæн бынæттæ дæттыны лæггæдтæ.
Ивгъуыд азы дæр туризмы къабазæй æхцайы æфтиæгтæ уыдысты, 2022 азимæ абаргæйæ, дзæвгар фылдæр. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Хъалонты службæ.
Афтæмæй ис бæлвырд хатдзæгтæ скæнынæн фадат – туризмы индустри нæ республикæйы сси йæ экономикæйы рæзты сæйрагдæр рахæцæнтæй иу, фылдæрæй-фылдæр кæнынц ног кусæн бынæттæ, рæзы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад, бюджетмæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуынц, уыдоны фæрцы хуыздæр кæны социалон инфраструктурæ.
Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы Цæгат Ирыстон разæнгардæй кæй архайы, уымæн æвдисæн сты ахæм нымæцтæ – ацы аз нæм æрбацыд иу милуан
туристæй фылдæр, уыимæ та фылдæр кæн-дзысты хъалонты æф-тиæгтæ дæр.
Бутаты Азæмæт