Журналы ацы номыр æнæхъæнæй дæр арæзт у нæрæмон Къостайы райгуырды 165 азы юбилеймæ.
Журнал байгом поэты æмдзæвгæ «Ныстуан»-ы къухфыстæй. Уый фæс-
тæ Абайты Васойы уацтæй «Чи у Къоста ирон адæмæн?», «Ирон адæмон поэт Хетæгкаты Къоста». Цымыдисаг у Байаты Гаппойы æрмæг Къостайы цард æмæ хъуыддæгты тыххæй – «Хетæгкаты Къоста». У хайгай: «Йæ рагуалдзæг (1863-1871 азтæ)», «Ахуыры азтæ» (1871-1883), «Иры Дзæуджыхъæуы (1984-1991 азтæ), «Чызджыты скъолайы хъуыддаг» æмæ афтæ дарддæр.
Мыхуыргонд æрцыдысты Къостайы æмдзæвгæтæ иумæйаг сæргонд «Нæ дзыллæйы зæрдæ мæ хуымгæнды хай»-ы бынмæ.
Къостайы цард æмæ сфæлдыстад зынаргъ кæмæн сты, уыдон зæрдиагæй бакæсдзысты «Къостайы цардæй цымыдисаг хабæрттæ».
Рубрикæ «Мысинæгтæ»-йы бынмæ бакæсæн ис Г.В. Смирнова-Иванченкойы «Къоста Стъараполы», А.С. Татаровы «Къоста уарзта йæ адæмы», Р.Н. Адамовы «Стыр лæг», Коцойты Арсены «Дыууæ фембæлды Къостаимæ», Тугъанты Махарбеджы «Мæ мысинæгтæ Къостайы тыххæй»…
«Къостайы фарнæй байдзаг уæнт уæ бонтæ», зæгъгæ, иумæйаг сæргонды бынмæ мыхуыргонд æрцыдысты Нафи, Хъодзаты Æхсар, Джыккайты Шамил, Хадже-
ты Таймураз æмæ Дзуццаты Хадзы-Мураты, Асаты Реуазы тæлмацгондæй æндæр адæмты поэтты æмдзæвгæтæ. Уацмыстæ фыст сты Къостайыл.
Къостайы тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц Къостайы премийы лауреаттæ: Дзбойты Михал, Цгъойты Хазби, Агънаты Гæстæн, Туаты Теминæ, Челæхсаты Магрез.
Журналы ма Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бакæсæн ис æндæр цымыдисаг æрмæджытæ дæр…
Абайты Эдуард