Черменыхъæуы фæсивæд æхсæнадон организаци «Зиу» куы сарæзтой, уæд фыццагдæр сæ размæ сæвзæрд хъæуы спортивон зал ногæй бацалцæг кæныны нысан. Хъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг фæсивæдимæ куысты – Цæболты Сослан нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ йæ цалцæгæн.
Фæлæ хъæуы æрцыд бæллæх, Букылты сывæллон трансформатормæ бахаудта æмæ электрон тыхæй уæззау сыгъдтытæ баййæфта. Фæсивæд цы ‘хца æрæмбырд кодтой æмæ ма сын амалхъом Айларты Алик, стæй, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан цы ‘хцайы фæрæзтæ радих кодтой æххуысæн, уыдон бахастой фыдбылызы бахауæджы хæдзармæ æмæ сæ раттой йæ фыдмæ.
Фæсивæд та ног æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ. Айларты Алик дæр та ногæй бахаста йе ’ххуысы хай, спортивон залы куыстытæ сног сты æмæ цæуынц дарддæр. Архайынц дзы хъæуы нæлгоймаг фæсивæд се ’ппæт дæр. Суанг ма сывæллæттæ дæр æххуыс кæнынц зæронд хæлдтытæ æддæмæ рахæссынмæ, бетон змæнтынмæ æмæ цумайы æндæр куыстытæн.
Хъæбысхæсты залы пъолтæ ныббетон кæнынæн сын стыр æххуыс бакодтой Зассеты Алан, Тотыккаты Олег, индивидуалон амалхъом Уаниты Андрей та сын ратта арæзтадон æрмæджытæ. Сæ канализаци саразынæн та сæ фарсмæ æрбалæууыд Дзасохты Мамукъа æмæ сын ратта бетонæй арæзт зиллæччытæ.
Спортивон залы дыууæ бынаты ныридæгæн фæсивæд Абайты Сосланы разамындæй архайынц штангæ æмæ армхæстæй, хъæбысхæсты зал бацæттæ кæнынæн дæр сæ бирæ нал хъæуы. Куыд зæрдиаг æмæ æнгомæй архайынц, уымæ гæсгæ тагъд рæстæджы уый дæр сæ къухы бафтдзæн.
Хорз хъæппæрисыл фæхæст сты хъæуы фæсивæд æмæ, афтæ куы архайой, уæд ма сын бантысдзæн бирæ фæзминаг хорз хъуыддæгтæ.
Касаты Батрадз