РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис министрадтæ æмæ
ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд, республикæйы Физикон культурæ æмæ спорты министрады дæлбар цы кусæндæттæ ис, уыдоны финансон-хæдзарадон архайды фарстатыл.
Æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй ныртæккæйы уавæрты уæлдай ахсджиаг у физикон культурæ æмæ спорты къабазы кусæг скъолатæ æмæ æндæр уагдæтты архайд фæхъомысджындæр кæнын. Уыцы æууæл комкоммæ баст у уыцы кусæндæтты специалистты профессион цæттæ-дзинадимæ, сæ техникон ифтонгдзинад æмæ финансон æфсисадимæ. Уыимæ, архайын хъæуы, цæмæй республикæйы арæзт цæуа фылдæр ахсджиаг спортивон турниртæ. Фыццаджы-фыццагдæр та, «аууонæй» ракæнын хъæуы Физикон культурæ æмæ спорты министрады дæлбар кусæндæтты финансон-хæдзарадон архайд…
Æппæт уыцы фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой профилон ведомствæты разамонджытæ, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ, спортивон иугæндты минæвæрттæ.
– Республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзты хъуыддаджы уæлдай ахадындзинад ис физикон культурæ æмæ спортæн. Уыцы къабазы хъомысы рæзтæн мах уæрæх пайда кæнæм æппæт фадæттæй дæр, архайæм федералон программæтæ æмæ национ проектты. Куыд уынæм, афтæмæй регионы рæстæгæйрæстæгмæ байгом вæййынц ног спортивон кусæндæттæ. Уыимæ, вазыгджын у, цæмæй æппæт уыцы кусæндæтты финансон-хæдзарадон архайд æнцой кæна æргом æмæ раст фæткыл. Бæстон раиртасын хъæуы алкæцы кусæндоны уавæр дæр: цас хъаруджынæй кусы, цас æфтиæгтæ исы æмæ афтæ дарддæр. Ахæм лæмбынæг раиртæсты бæрæггæнæнты бындурыл дарддæр пълантæ араздзыстæм къабазы райрæзты сæраппонд. Ацы куысты сæйрагдæр рахæцæн та у ахæм – фæнд кæмæ ис, республикæйы æппæт уыцы цæрджытæн дæр хъуамæ уа физикон культурæ æмæ спорты архайыны фадат, – æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта Дзанайы-фырт.
СЛАНТЫ Аслан