Хъомылгæнæг, цардмæ хонæг

0
15

Саби рæзгæйæ йæ размæ сæвæры, царды цы фæндаг равзардзæн, цы дæсныйадыл фæхæст уыдзæн, уыцы нысан. Афтæ рауад Æрыдоны районы, Бæрæгъуыны хъæуы цæрæг Хосаты Амырханы чызг Надеждæйы хъуыддаг дæр. Уый йæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæримæ куыстæн æмæ 55 азы фæкуыста Кæрдзыны хъæуы рæвдауæндон «Родничок»-ы.

Йæ фæллойадон чыныджы ис иунæг фыст, уымæй адæймаг разыйæ баззайы, уый арфæйаг хъуыддаг у.  Мæн дæр бафæндыд Надеждæйы царды фæндæгтимæ базонгæ уæвын. Куыд загътон, афтæмæй схъомыл ис Бæрæгъуыны хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ бацыд хъомылгæнæджы дæсныйад райсынмæ. Уæд нæ хъæуы рæвдауæндон æрбынæттон ис лентуафæн фабричы æмдзæрæнтæй иуы.

Уавæртæ бынтон бæллиццаг нæ уыдысты, уæдмæ Хосаты чызджы снысан кодтой рæвдауæндоны сæргълæууæгæй. Раздæр уал бæстыхаймæ бæстон базылдысты. Сабитæн лæвæрдтой арф зонындзинæдтæ, уымæн æвдисæн сты Надеждæйы бирæ арфæйы фыстæджытæ, кады гæххæттытæ. Сабитæ зыдтой æппæт дамгъæтæ, хорз æгъдау сæм уыд, афтæмæй-иу систы фыццагкъласонтæ. Сæ ахуыргæнджытæ-иу сæ разыйæ баззадысты.

Уыцы рæстæг Мырзаты Руслан куыста лентуафæн фабричы бæрнон бынаты, базонгæ æрыгон чызгимæ, се ‘хсæн æнкъарæнтæ фæзынд, æмæ æгъдаумæ гæсгæ Мырзаты мыггагмæ æрбакуывта Хосаты чызг. Цард размæ цыд, æрыгæттæн фæзындис кæстæртæ – дыууæ чызджы æмæ фырыхъулы хуызæн лæппу Владимир. Руслан æмæ Надеждæ кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты, кæстæртæн фадæттæ кодтой. Уыдон райстой уæлдæр ахуырад, æрлæууыдысты фæллойы фæндагыл.

Хъысмæтæн цы загъдæуа, Руслан æваст æрбарынчын, удхæссæг тыхджындæр разынд, æмæ йе ‘цæг дунемæ ацыд. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын рæхуыст, зæгъгæ, ныхас дзæгъæлы нæ баззад, фырт Владимир дæр йæ фыды хал ахордта. Кæугæ бонтæ скодта Надеждæйыл, фæлæ уæддæр нæй бауромæн царды цалхы цыдæн, зилы дарддæр. Зианты хъуыддæгтæй фæстæмæ Надеждæйы бахъуыд раздæхын сывæллæтты хъомыладмæ, уæд уал рæстæгмæ йæ куыст ныууагъта.

Куыст царды рухс кæй у, уый æмбаргæйæ, иу бон бабæрæг кодта йæ коллектив, кусджытæ тынг бацин кодтой Надеждæйыл. Афтæмæй та райдыдта хъомылгæнæгæй кусын. Азты згъордæн бауромæн нæй. Хосаты Надеждæ рæвдауæндоны бакуыста 55 азы. Цы лæппутæ æмæ чызджыты фæхъомыл кодта, уыдон фæцыдысты ахуыры бæрзæндтæм, систы инженертæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ.

Ныртæккæ хъæуы цы ног рæвдауæндон ис, уый алцæмæй дæр ифтонггонд æрцыд. Надеждæ куыд зæгъы, афтæмæй кæддæры уавæртæ нæй абарæн ныры дзæбæх фадæттимæ. Бузныг зæгъы районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барисæн, сабитыл афтæ хорз кæй ауды, уый тыххæй. Мырзаты-Хосаты Надеждæйыл азтæ сæ уæз æруагътой, бахъуыд æй йæ куыст ныууадзын. Рæвдауæндоны кусджытæ сабитимæ иумæ фæндараст загътой фæлтæрдджын хъомылгæнæгæн, йæ фыдæбæтты тыххæй йын бузныг загътой. Радтой йын зæрдылдарæн фыстæг, лæвар.

Надеждæ кадимæ цæры сыхбæсты ‘хсæн, йæ дыууæ чызджы йæ рохуаты нæ уадзынц, арæх æй бæрæг кæнынц, ницы хъуаг баззайы. Иу цин æмæ зианы хъуыддаг дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзы, алы ранмæ дæр йе ‘гъдау скæны. Кæд æмæ йæ
куыст ныууагъта, уæддæр сабитæм æнгом у, кæддæриддæр сæ йæ дуармæ бадгæ фендзынæ.

Айразмæ мæхæдæг æвдисæн кæмæн уыдтæн, ахæм цау уын ракæндзынæн. Йæ хæдзары цурты фæцæйцыдысты ахуырдзаутæ, Надеждæ сæ фæрсы, райсом та цавæр бæрæгбон у, зæгъгæ. Сабитæ ныххудтысты æмæ загътой: «Хетæгкаты Къос-
тайы райгуырды 165 азы». Надеждæ сын арфæ ракодта æмæ сæ дарддæр фæрсы: «Къоста чи уыд?» Алкæмæ дæр сæ дзуапп уыд, чи загъта – нывгæнæг, чи – ирон литературæйы бындурæвæрæг, чи – номдзыд поэт. Ахæм бæстон дзуаппытæй кæй зæрдæ нæ барайдзæн?

Сывæллон йæ зæрдыл бадардзæн ацы хъомылгæнæджы, Надеждæйæн йæ арфæ вæййы: «Ахуыры бæрзæндтæм фæцæут, нанайы хуртæ». Мырзаты-Хосаты Надеждæйы фæнды, цæмæй хъæуы 195 азыл хъæубæстæ сæмбæлой цæттæйæ, сыгъдæгæй, æфснайдæй. «Æмхуызонæй бавналæм, бафснайæм нæ уынгтæ, фæзилæнтæ ныссыгъдæг кæнæм», – зæгъы мын хъомылгæнæг, цардмæ хонæг.

 

Богазты Арсæмæг,
журналистикæйы
ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here