Цæгат Ирыстоны дарддæр куыст цæуы энергетикон фæрæзтæй ифтонггæнæг компанитæ, донуадзæн æмæ хъармдæттæн хæтæлтæ иумæйаг республикон куыстуаты бæрны бакæныныл.
Уыцы фарстамæ радон хатт æркастысты, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй министрадтæ æмæ ведомствæты бæрнон кусджытæн цы æмбырд уыд, уым.
Профилон ведомствæты минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты куысты дарддæр нывыладæн ахъаз у амынд къабазы куыстуæттæ республикон исбонадмæ райсыны фæтк. Уыцы куыст цæуы фæстаг дыууæ азы дæргъы.
Ацы хатт паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахаст-дзинæдты министр Тедеты Руслан æркæсынмæ бавдыста радон ахæм инфраструктурон объектты номхыгъд. Уыдонмæ бахастой Дзæуджыхъæуы Хъесайы-фырты уынджы хъармдæттæн, Æрæфы, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты донуадзæнтæ æмæ хъармдæттæнтæ, стæй Кировы районы канализацион хæдзарад. Ныр уыцы объекттæ лæвæрд æрцæудзысты республикæйы исбонадмæ æмæ сæ бакæндзысты Донæфсисад æмæ канализацион хæдзарады рес-публикон унитарон куыстуаты бæрны.
– Нæ сæйрагдæр хæстæй иу у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнын. Уымæн ахъаз уыдзæн, ацы къабазы иумæйаг республикон оператор кæй фæзынд, уыцы æууæл дæр. Абоны онг уал уыцы куыстуаты бæрны бакодтам коммуналон инфраструктурæйы объектты 90 процентæй фылдæр, – фарстайæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Калманты Аслан