Национ проекттæ: райрæзты ахсджиаг нысантæ

0
82

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур кусæг советы радон æмбырды. Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы цы фембæлд сарæзтæуыд, уым бæстон ныхас рауад фыццаградон национ проекттæ æххæст кæныныл, стæй 2030 азы онг райрæзты ног программæтыл бакусыныл.

Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка æмбырды райдайæны куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фыццаградон национ проектты
уагæвæрдтæ цардмæ рауа-дзыныл ахадгæ куыст цæуы регионты. «Хицаудзинады æппæт къабæзтæн дæр се ’рвылбоны архайды хъуамæ вазыгджындæр уа национ проекттыл куыст. Уыцы хъуыддаджы федералон зылды регионтæ æнгом æмгуыстад кæнынц хицаудзинады федералон оргæнтимæ. Уый тыххæй æз бузныг дæн Цæгат Кавказы субъектты разамонджытæ  æмæ хицауады сæрдартæй», – бафиппайдта Президенты минæвар.

Юрий Чайка йæ раныхасы æрлæууыд, куыд фæзминаг фæлтæрддзинадыл, афтæ иуæй-иу къуыхцытыл дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, национ проекттыл куысты арфæйаг фæлтæрддзинадыл æнцой æмæ къуылымпы-дзинæдтæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, раздæр фидаргонд æппæт нысантæм дæр тырнын хъæуы.

Регионты разамонджытæ дзуаппон докладтæ скодтой, национ проектты уаг-æвæрдтæ куыд æххæст кæнынц, уый фæдыл. Зæгъæм, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон хъомысджынæй архайы 13 федералон национ проекты. Уыдоны бындурыл республикæ бацæттæ кодта 46 регионалон программæйы. Амынд проекттæ æмæ программæтæ æххæст кæныныл республикæ куыд кусы, уымæн ирд æвдисæн сты федералон рейтингы бæрæггæнæнтæ: 82-æм  бынатæй Цæгат Ирыстон схызт 24-æм бынатмæ.

– Уыимæ, республикæ кусы, 2030 азы онг ног фыццаградон проекттæм цы объекттæ бахæссын хъæуы, уыдоны проектон-хæрдзты документацийыл дæр. Уыцы фарстайы фæдыл регион æнгом æмархайд кæны профилон федералон ведомствæтимæ. Æппæт бæрнон кусджытæн дæр амынд æрцыд æппæт фадæттæй спайда кæнын, цæмæй Цæгат Ирыстон ахадгæ хуызы архайа ног национ проектты, – загъта Сергей Меняйло.

Советы уæнгтæ се ’ргом аздæхтой федералон зылды æрвылбоны царды æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

Цæгат Кавказы зылды субъектты разамонджытæй уæлдай, ныхасы архайдтой æмæ фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахастой УФ-йы Паддзахадон Думæйы граждайнаг æхсæнады рæзты, æхсæнадон æмæ дины иугæндты фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Ольгæ Тимофеева, УФ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Виктор Фисенко, Уæрæсейы рухсады министры хæдивæг Андрей Николаев, УФ-йы энергетикæйы министры хæдивæг Евгений Грабчак, Уæрæсейы Хицауады проектон архайды департаменты директоры
хæстæ æххæстгæнæг Сергей Ткаченко æмæ иннæтæ.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here