Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы ацы къуырийы райдайæны сарæзтой цымыдисаг мадзал – æстæм «б» къласæн раттой Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы Хъæбатыр æфсæддон тæхæг Николай Майдановы ном.
Мадзалмæ æрбахуыдтой юнармионты, скъолайы ахуыргæнджыты, хæстон архайды ветеран Александр Абдуловы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг фæмардуæвæг хæстонты бинонты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы республикон дæлхайады сæрдар Татьянæ Днепровскаяйы. Дард Бетъырбухæй сæм Пушкинскаг районæй уазæгуаты ссыд, Николай Майдановы ном чи хæссы, уыцы 604-æм скъолайы сæргълæууæг Еленæ Дерипаска.
Ахуырдзаутæ сæхи бацæттæ кодтой фембæлдмæ – радзырдтой дыууæ хатты хъæбатыры цардвæндаджы тыххæй. Николай Майданов йæ фыццаг хъæбатыры стъалы райста, Афганистаны республикæйы йæ интернационалон хæс куы æххæст кодта, уыцы рæстæг. Дыккаг бæрзонд хæрзиуæг та йын лæвæрд æрцыд йæ мæлæты фæстæ Цæцæны хæсты заман.
Еленæ Дерипаска ахуырдзаутæн балæвар кодта стенд хъайтары хуыз-
истытæ æмæ цардвæнда-джы тыххæй уацхъуыдимæ æмæ загъта, дызæрдыг кæй нæ кæны, йæ номы аккаг кæй уыдзысты, ууыл. Видеобастдзинады фæрæзты
руаджы Бетъырбухы 604-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ
ирыстойнаг æмгæрттæн арфæ ракодтой.
– Не скъола арæзт æрцыд 2014 азы, ахуыр дзы кæны 3300 сабийы. Сарæзтам юнармионты къорд «Бæрзонд 6.04» æмæ æфсæддон-патриотон хъомылады нæ къухы бафтыд бирæ хорз хъуыддæгтæ скæнын, архайæм алыхуызон акциты. Иу ахæм патриотон мадзалы нæ шефтæ фæндон бахастой, цæмæй нæ скъолайæн лæвæрд æрцæуа дыууæ хатты Хъæбатыры ном, æмæ 2021 азы уыцы фæндон царды уагъд æрцыд. Фæлæ нæм кълæстæн хъайтарты ном дæттыны фæлтæрддзинад нæй, æмæ мæнæн, куыд скъолайы директорæн, ацы хъуыддаг тынг цымыдисаг у. Æнæмæнг æй мах скъолайы дæр рапарахат кæндзыстæм, уый стыр ахъаз у сывæллæттæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад сæвзæрын кæнынæн, нæ хъайтарты сæнусон кæнынæн – уый аккаг сты. Æз та стыр бузныг зæгъын уе скъолайы разамындæн, æстæм «б» къласы разамонæг æмæ йæ ахуырдзаутæн, ацы мидисджын мадзалмæ мæ кæй æрбахуыдтат, уый тыххæй, – загъта Еленæ Дерипаска.
26-æм скъолайы директоры хæдивæг хъомыладон куысты Джимиты Ноннæ бетъырбухаг уазæджы базонгæ кодта, хъайтарты тыххæй ахуырадон уагдоны цы хъæздыг æрмæг æрæмбырд кодта ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутимæ, уыимæ. Нæ республикæ куыд хъæздыг у Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы хъæбатыртæй, уый дисы бафтыдта Еленæ Дерипаскайы. Радзырдта ма йын, æппæт уыцы æрмæ-
джытæ æрвыст кæй æрцæудзысты Мæскуымæ, Цытджын Уæлахизы бонмæ цы стыр равдыст цæттæ кæнынц, уырдæм.
Фысымтæ æмæ уазæг кæрæдзийæ разыйæ баззадысты, сæ фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн фæхай кодтой.
ГАПБАТЫ Алетæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА