Нартыхъæуккаг Гусаты Римæ алы аз дæр æрбацæуы, Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуы цалдæр азы размæ цы цыртдзæвæн – «Цæссыгты дур», зæгъгæ, сæвæрдтой, уымæ. Уый у, ивгъуыд æнусы 20-30-æм азты æнæбындурæй æфхæрд чи баййæфта æмæ йæ цардæй чи фæхъуыд, уыцы адæмы мысæн бынат.
Римæйæн уыцы фыдбылызы бахаудтой йæ фыд Гæвдын æмæ Гæвдыны фаззон æфсымæр Гагуыдз. Куыд дзуры Римæ, афтæмæй сæм æмбисæхсæв æрбацыдысты, дуар æрбахостой, сыстын сæ кодтой, акодтой сæ æмæ, кæдæм – абон дæр бæрæг нæу, æбæрæгæй фесæфтысты. Сæ дыууæ дæр хуымæтæг колхозонтæ, уыдысты дыу-уæйæ дæр хæрзæрыгон. Бæгуыдæр, Римæ нæ хъуыды кæны йæ фыды, сывæллон ма уыди уæд.
Фæлæ баззадысты сæ сурæттæ, сæ нæмттæ хионты, цоты, цоты цоты зæрдæты, мысынц сæ зæрдæрыстæй, куыд иннæ мингай ахæм сæфт адæмы. Æмæ та знон дæр Римæ йæ чындз Азæимæ æрбацыдсты «Цæссыгты дур»-мæ, сæвæрдтой йыл дидинджытæ.
Хъарм фæззыгон бон уыди знон, цыма æрдз дæр архайдта, хуры тынтæй цыртдзæвæны раз цы бирæ адæм æрæмбырд, уыдоны зæрдæты рыст иуцасдæр фæкъаддæр кæныныл. Æрбацыдысты æнæбындурæй æфхæрд адæмы хиуæттæ, хæстæ-джытæ, нæ республикæйы хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, ветеранты, дины, барадхъахъхъæнæг оргæнты, æфсæддон хæйтты минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ, уæлдæр скъолаты, техникумтæ æмæ училищæты студенттæ.
Иу уысм æдзæмæй алæууыны фæстæ æрбацæуæг адæм байхъуыстой Дзæуджыхъæуы Хæлар-дзинады хæдзары директоры хæдивæг Хъайтыхъты Тамарæмæ, кæцы ныхасы бар радта Цæгат Ирыстоны хæст æмæ фæллойы ветеранты комитеты сæрдар Фриаты Хъазыбегæн. Уый фæстæ ивгъуыд азты æнкъард
цауты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Ирыстоны пысылмæтты удварны управленийы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат, иннæ организацитæ æмæ æхсæнæдты минæвæрттæ.
Митинджы архайджытæ æрымысыдысты æмæ загътой арфæйы
ныхæстæ, цыртдзæвæн сæвæрыныл йæ царды рæстæг зæрдиагæй чи бацархайдта, уыцы адæймаг – Зураты Ауызбийы тыххæй. Абон ын йæ
хъуыддæгтæ дарддæр кадимæ хæццæ кæны йæ фырт Аркади.
Хæмыцаты Морис,
къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова