Тагъд рæстæг Республикон клиникон рынчындоны дадзинты центры кусын райдайдзæн ног компьютерон томограф. Уыцы техникæ æлхæд æрцыд фыццаградон национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы фæлгæты.
Подрядон организацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, специалисттæ ныртæккæ архайынц, йæ аргъ 58 милуан сомы бæрц кæмæн у, уыцы томограф кусынæввонг скæныныл. Уыцы техникæйы фæрцы дохтыртæн уыдзæн адæймаджы сæрымагъз æмæ зæрдæйæн бæстон медицинон раиртæст саразыны фадат. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæрдæм сахаддзæн тыхст адæймагæн афойнадыл æппæтвæрсыг æххуыс бакæныны хъуыддагыл.
Республикон клиникон рынчындон у республикæйы егъаудæр профилон кусæндон. Рынчындоны материалон-техникон ифтонгдзинады фарстамæ цæуы лæмбынæг каст.
Ахæм фæткы бындурыл ног медицинон техникæйæ ифтонггонд цæуынц иннæ профилон кусæндæттæ дæр. Зæгъæм, æрæджы Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы сæвæрдтой нырыккон нымæцон маммограф. Уый къухы бафтыд нысанмæ арæзт программæ «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады фыццаградон къæпхæны модернизаци»-йы фæрцы.
«Ацы æмæ иннæ ног ифтонггæрзты фæрцы нæ куысты зынгæ хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ цæуы. Адæймаджы æнæниздзинады уавæр бæстондæр раиртасынæй уæлдай, ног техникæйы фæрцы къухы æфты фылдæр æххуысхъуаг адæмæн балæггад кæнын. Уыимæ, сæрмагондæй зæгъын æмбæлы, ног маммографы фæрцы æмбæлгæ раиртæстытæ сылгоймæгтæ æнцондæрæй кæй ацæуынц, уый дæр», – зæгъы поликлиникæйы диагностикон хайады хицау Еналдыты Мæдинæ.
Хъæугæ диагностикон-дзæбæхгæнæн техникæйæ ифтонггонд цæуынц Тагъд медицинон æххуысы æмæ Сывæллæтты республикон клиникон рынчындæттæ,
Республикон онкологон диспансер æмæ иннæ профилон кусæндæттæ, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр.
СЛАНТЫ Аслан