Фæндæгты рæзты æвдисæнтæ

0
21

Стыр горæтты иувæрсты цæуæг фæндæгтæ аразыны хъуыддæгтæ  систы бæстæйы фæндæгты-транспортон комплексы рæзты æвдисæнтæ. Ныртæккæ куыст цæуы Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг «Кавказ» Р-217  фæндаджы дыккаг æмæ æртыккаг трассæйы радыл (10 километрæй 25 километры онг).

Фæстаг къæпхæны (йæ дæргъ – 3 километры)  кæронмæ ахæццæ сты, Мæскуыйаг сосайы сæрты ахизыны тыххæй æртыккаг транспортон райхæлд саразыны куыстытæ. Фæндæгты федералон службæйы кусджытæ трассæйы бын æвæрынц бындур, зæххæй йæ æмбæрзынц, уæдæ фæндагмæ бацæуæнтæ дæр аразынц. Ахæм сæрмагонд скондты руаджы фæндагæй уæлдай, дæттæ аиуварс кæндзысты.

Куыстыты райдайæнæй, ома, 2021 азы апрелæй фæстæмæ,  фæндаджы дыууæ къæпхæныл сæвæрдтой 12 километры зæххы уæлцъар, 7 километрæй фылдæрыл – рарасткæнæг асфальты бетон. Инженерон ифтонгады фæлгæты æвæрд æрцыд æддагон электрон тыхы 830 цæджындзы.

Алагир-Дзæуджыхъæуы фæндагыл бавнæлдтой Саудоны сæрты  хиды рацарæзтмæ, уым ма транспортон рахизæны ног сконд дæр сарæзтой. Автофæндаг А-162-йыл срæвдз ис цæуæн фæндаг дæр. Ныртæккæ ма фидар кæнынц
зæххы цъар, иннæ æмбæлгæ куыстытæ дæр кæнынц. Цы ифтонгад дзы æмбæлы, уыдон аразынц.

Æрхонкæйаг соса æмæ фæндаг А-162 кæрæдзи сæрты кæм ахизынц, уым æфсæн-бетон хъайванты монтаж кæронмæ æрхæццæ, хицæн рахизæнты сæвæрдтой асфальты бетон æмбæрзтытæ. Фæндаг хæстæг у цæхæрадæтты æмбалæдтæ «Учитель», «Дарьял», «Надежда»-мæ, тагъд дзы фæзындзысты рацæуæнтæ æмæ къахвæндæгтæ.

Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы цæттæдзинад ныртæккæ у 70 проценты.

 

Федералон автомобилон
фæндаг «Кавказ»-ы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here