Нæ республикæйы цæрджытæ стыр æвæрæн хæссынц сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Нæлгоймæгтæ тохы быдыры лæгдзинад æвдисынц, горæттæ æмæ хъæутæй та фронтмæ æрвыст цæуы алывæрсыг æххуыс куыд хæстон хотыхтæй, афтæ продукттæ æмæ дзаумайæ. Нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, æрыгæттæ, ацæргæтæ, суанг ма сывæллæттæ дæр архайынц уæлахизы бон
фæхæстæгдæр кæныныл.
Нæ газет арæх фыссы ахæм æххуысы тыххæй. Æмæ та мæнæ иу ирд æвдисæн. Уæрæсейы Хицауады финансон университеты дзæуджыхъæуккаг филиалы сарæзтой кадджын мадзал. Æртыккæгæм курсы студент Гæдзауты Мæирбегæн, сæрæн волонтер кæй у, уый фæдыл лæвæрд æрцыд майдан. Ацы æвзыгъд лæппу куырыхон ас адæймаджы ми бакодта: йæхæдæг цы фæрæзтæ бакуыста, уыдонæй хæстонтæн балхæдта коллиматортæ – хъавæнтæ, талынджы уынæг прибортæ æмæ сæ фронтмæ арвыста.
Фæсивæды хъомыладон фарстатæ абон тынг ахсджиаг сты, æмæ ацы хъуыддаджы стыр куыст цæуы республикæйы ахуырадон уагдæтты. Уый тыххæй ма нæ арфæйы ныхæстæ иу хатт зæгъын фæнды, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны бинонты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы республикон хайады сæрдар Татьянæ Днепровскаяйæн. Йæ хъæппæрисæй ахуырадон уагдæтты арæзт цæуынц Лæгдзинады уроктæ, æрбахонынц сæм сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, æфæддон хæйтты хæстонты. Гæдзауты лæппуйæн дæр Татьянæ æмæ хæстонтæ загътой бузныг, ахæм æрхъуыды йæм кæй разынд, уый тыххæй. 58 æфсады 429 полчъы æфсæддонтæ студенттæн радзырдтой, абон фронт цы уавæры ис, тохы быдыры знаджы ныхмæ чи лæууы, уыдоны размæ цы нысантæ æвæрд ис æмæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Бирæ фарстатæ раттой студенттæ, æмæ бæстон
дзуаппытæ фехъуыстой.
Иннæ ахæм мадзал та Татьянæ Днепровская сарæзта Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы. Ам ахуыр кодта æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци Еленæ Анатолийы чызг Бандацкая-Филиппская. Æрыгон сылгоймаг службæ кодта 58-æм æфсады, уыдис фелсыр æмæ фæмард Мæхъхъæлы республикæйы контртеррористон операцийы рæстæг. Еленæйы ном раттой æхсæзæм къласæн. Лæгдзинады урокмæ æрбахуыд-
той хъæбатыр сылгоймаджы мад æмæ йæ фырт Никитæйы.
Ахуырдзаутæ фембæлдмæ сæхи хорз бацæттæ кодтой – Еленæйы къамтæ, йæ дзаумæттæ, хæрзиуджытæ – зынгæ бынаты. Цавæр адæймаг уыд, цавæр миниу-
джытæй йæ фæхайджын кодта æрдз, йæ ахастдзинæдтæ бинонты ‘хсæн, зонгæтæ æмæ хæстон æмбæлттимæ – уый тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой уазджытæ. Æхсæзæмкъласонтæ та Еленæйы мад æмæ фыртæн дзырд раттой, кæй архайдзысты хъайтары номы аккаг уæвыныл, сæ ахуыры бæрæггæнæнтæ дæлæмæ кæй не ‘руадздзысты, сæхи фæзминагæй кæй æвдисдзысты.
Лæгдзинады урок рауад мидисджын 26-æм скъолайы дæр. Татьянæ æмæ 425-æм полчъы хæстонтæ бæстон радзырдтой, Уæрæсейы æфсад Украинæйы зæхх неонацисттæй куыд сыгъдæг кæнынц, æмæ Ирыстон фронтæн куыд æххуыс кæны, уый тыххæй. Ахуырдзаутæ сæм раттой, цы фыстæджытæ ныффыстой хæс-
тонтæм, уыдон. Уый фæдыл сын уазджытæ бузныг загътой æмæ сæ ракуырдтой, ахæм фыстæджытæ арæхдæр куыд фыссой, уымæн æмæ сæм тохы быдыры тынг фенхъæлмæ кæсынц, батавынц, иудадзыг мæлæт æмдзу кæимæ кæны, уæззау уавæрты знаджы ныхмæ хъæддых чи лæууы, уыдоны зæрдæтæ.
ГАПБАТЫ Алетæ, къамтæ систа Татьянæ
ШЕХОДАНОВА