Ногазон бæрæгбæтты агъоммæ Дзæуджыхъæу сфæлгонц кæндзысты алыхуызон цæхæркалгæ цырæгътæ æмæ инсталляцитæй. Уыимæ, пайдагонд æрцæудзæн, фарон Ног азы бæрæгбонмæ цы рухсгæнæн конструкцитæ балхæдтой, уыдонæй дæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта горæты бынæттон хиуынаффæйады админис-
трацийы пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ногазон фæлгонцады фæрæзтæ æрæвæрдзысты, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, ахæм 20 бынаты. Уыимæ, Центрон фæлладуадзæн парчы байгом уыдзæн Митын Дадайы хæдзар, горæты уынгты та ногæй зилдух кæндзæн ногазон трамвай.
Горæты администрацийы культурæйы управленийы хицау Мæрзойты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй амынд рухсгæнæн конструкциты иу хай раивдзысты, декорацитæ та сцалцæг кæндзысты. Ногазон фæлгонцады фæрæзтæ фæзындзысты горæтмæ бацæуæнты, Уæлахизы æмæ Штыбы фæзты, Кировы, Коцойы-фырты, Миллеры æмæ æндæр уынгты, Центрон фæлладуадзæн парчы, Хуссайраг поселочы æмæ æндæр бынæтты. Республикæйы сæйраг наз бæлас æрæвæрдзысты йæ традицион бынаты – Сæрибары фæзы.
Нæ уацхæссæг