Цалцæггæнæн куыстытæ – Намысы мемориалы

0
16

Зындгонд куыд у, афтæмæй фидæн уалдзæджы бæрæг кæн-
дзыстæм Уæлахизы 80 азы. Уыцы бæрæгбоны агъоммæ зынгæ цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы.

Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.

Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, подрядон ор-
ганизацийы минæвæрттæ, фыццаджы-фыццагдæр, базилдзыс-
ты Сыгъдæг Георгийы скульптурæ æмæ йæ бындурмæ, мемориалы сæйраг бахизæнмæ, стæй цыртдзæвæн «Послы у императрицы»-мæ. Уыимæ, æппæты фылдæр æргом аздахын бахъæудзæн Сыгъдæг Георгийы скульптурæмæ, уымæн æмæ уый домы æвæстиатæй реставраци скæнын.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы бетъырбухаг реставрацион æрмадз «Петрополь»-ы специалисттæ бæстон раиртæстой мемориалы цыртдзæвæнты уавæр æмæ радтой амынддзинæдтæ сæ банывыл кæныны фæдыл. Уыцы æрмæджыты бындурыл горæты администрацийы культурæйы управлени бацæттæ кодта мемориалы рацарæзтæн хъæугæ æппæт проектон-сметон документаци. Управленийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг расиддзысты, нысангонд цалцæггæнæн куыстытæ кæй бæрны бакæндзысты, уыцы подрядон организаци равзарыны фæдыл конкурс.

Уый – цыртдзæвæнты реставрациимæ баст фарста. Иннæмæй та мемориалы ныридæгæн цæуынц къахвæндæгты къæйдуртæ раивыны куыстытæ…

Нысангонд куыстыты сæйрагдæр хай хъуамæ ахицæн уа фидæн азы майы райдайæнмæ.

 

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here