Лæгдзинад дæ туджы куы уа

0
51

Нæ фыдæлтæм хæстон кад æмæ намыс бæрзонд æвæрд уыдысты. Нæлгоймаг-иу хæсты быдыры хъæбатырдзинад куы равдыста, уæд ыл хъайтарон зарджытæ кодтой. Æмæ, кæд дугтæ кæрæдзи ивгæ цæуынц, уæддæр уыцы кадæн йæ хъомыс абон дæр тыхджын у. Дард Украинæйы та фашизм йæ уидæгтæ ногæй сдардта æмæ тугуарæн кæны не ‘мбæстон – Донбассы цæрæг адæмæн.

Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд знаджы скуынæг кæнынмæ иннæтимæ фæраст сты Ирыстоны хъæбатыр гуырдтæ дæр. Уыдонæй иу у Джиоты Николайы фырт Алан.

Алан райгуырд 1993 азы. 2012 азы Сечеры хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ дарддæр ахуырмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 5-æм профессионалон училищæмæ. Уырдыгæй йæ 2014 азы æфсады рæнхъытæм акодтой. Йе ‘фсæддон хæс æххæст кодта цæгатаг горæт Мурманскы. 2016 азы бафыста контракт Хъахъхъæнынады министрадимæ.

Украинæйы та фашизм ногæй йæ уидæгтæ ауагъта æмæ æгъатырæй цæгъды Донбассы цæрæг адæмы. Райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ иннæтимæ знаджы дæрæн кæнынмæ атындзыдтой Ирыстоны хъæбатыр гуырдтæ дæр. Джиоты Алан сæрмагонд æфсæддон операцийы ис йæ фыццаг бонæй ныры онг.

Запорожьейы танкты батальоны къорды æххæст кæны йе ‘фсæддон хæс.

– Фронты раззагдæр хахмæ ласын рæмудзæн æрмæг, хæринаг, цалцæг кæнын хъыгдардбаййафæг техникæ. Хæсты цæхæры æнцон фадæттæ нæй, фæлæ нæ фæсивæдæй иунæг лæппу дæр нæ равдыста лæмæгъдзинад. Кæрæдзийæн ныфс стæм алы хъуыддаджы дæр. Æмæ уый чысыл сгуыхтдзинад нæу, – зæгъы Джиойы-фырт.

Алан хæсты хабæрттыл дзурын нæ уарзы, фæлæ хаттæй-хатт цыдæр цаутæ «срæдийы». Фæзæгъы, æхсæвыгæтты сæ куыд райдайынц æхсын, дронтæй сæхи куыд хъахъхъæнынц, фæлæ алы хатт амонд семæ æмдзу нæ кæны. Йæ зæрдыл æрлæууыд, афæдзы размæ, зымæджы, æхсæвыгон сæ бæстыхаймæ дрон куыд æрбатахт. Йе ‘мбæлттæй бирæтæ фæмард сты, чи ма дзы аирвæзт, уыдон та сæхи фæсвæдгæнгæйæ цæугæдоны цалдæр сахаты фæбадтысты.

Алан у Цæрикъаты сиахс. Йæ бинойнаг Софияимæ хъомыл кæнынц дыууæ гыццыл хъæбулы – Батрадз æмæ Арсæмæджы. Сабитæ сæ фыды хæстон хабæрттæ нæ зонынц, фæлæ искæд бон сæрыстыр уыдзысты йæ кад æмæ намысæй.

Аланæн йæ лæгдзинады фæдыл лæвæрд æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæ дæр: Жуковы, Суворовы æмæ Хæстон намысы дыккаг къæпхæны майдантæ. Кæд царды уæрæх фæндæгтыл уый бæрц нæма рацыд, уæддæр хæстон кад æмæ намысæй йæ æрыгон азты хайджын фæци. Хæрзиуджытæ лæггæнæг не сты, фæлæ ма нын ноджыдæр иу хатт æвдисынц, патриотизмы таг æцæгæйдæр кæй туджы æнхъæвзы, ахæм хъæбатыр фæсивæды.

Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here