РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд 2025-2027 азты нысанмæ арæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты архайыныл.
Æмбырды райдайæны куыд загъдæуыд, афтæмæй 2025 азы бюджеты æмæ 2026-2027 азты пъланон æмгъуыдтæн рагагъоммæ бюджетон проектты зынгæ фæрæзтæ нысангонд цæуы амынд федералон программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæнынæн. Уыдоны фæрцы арæзт æмæ бындурон цалцæггонд цæудзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы, культурæйы, спорт æмæ социалон инфраструктурæйы æндæр ахсджиаг объекттæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, республикæйы премьер-министр ведомствæты разамонджытæн бафæдзæхста æппæт хъæугæ организацион мадзæлттæ саразын, цæмæй регион, фыццаджы-фыццагдæр, æппæтвæрсыгæй архайа 2025 азы паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты. «Азы кæронмæ ма цы рæстæг баззад, уымæй ахадгæ хуызы спайда кæнын æмæ бæстон бакусын хъæуы, республикæ хæстæгдæр æртæ азы амынд программæтæм цы ахсджиаг социалон объектты арæзтад æмæ цалцæг бахæссынвæнд кæны, уыдонæн хъæугæ проектон-сметон документацийыл», – бацамыдта Хицауады Сæрдар.
Уый фæстæ докладтæ скодтой профилон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ. Бæрнон кусджытæй алчидæр ранымадта, фидæн азты программæтæм бахæссыны фæдыл цы объектты документацийыл кусынц, уыдон. Зæгъæм, æрмæст Ахуырад æмæ наукæйы министрад хæстæгдæр æртæ азæн цæттæ кæны 95 арæзтадон-цалцæггæнæн проекты. Уыдоны бындурыл арæзт æмæ цалцæггонд цæудзысты скъолатæ, æндæр ахуырадон кусæндæттæ, лыггонд
цæудзысты сæ техникон ифтонгдзинады фарстатæ дæр. Уый къухы бафтдзæн национ проект «Ахуырад» æмæ иннæ паддзахадон программæты фæрцы.
Ахæм фæткы бындурыл республикæ 2025-2027 азты архайдзæн федералон программæ «Хъæууон цæрæн бынæтты комплексон рæзт»-ы дæр. Уыцы прог-
раммæйы фæлгæты куыстытæ нысангонд цæуынц 21 вазыгджын социалон объектыл. Афтæ, Дигорайы бындурон цалцæггонд æрцæудзысты 2-æм скъола æмæ 2-æм рæвдауæндон. Цыколайы та сцалцæг кæндзысты Реабилитацион центр, Фадзайы-фырты уынджы рацараздзысты спортивон фæз. 2026 азы Змейкæйы станицæйы райдайдзæн 360-бынатон скъола æмæ Культурæйы ног хæдзары арæзтад…
Æппæт уыцы æмæ иннæ объекттæ ахсджиагыл банымайгæйæ, Дзанайты Барис министрадты разамонджытæн бахæс кодта ,цæмæй уыцы проекттæ царды
рауадзыны фæдыл æнгом æмархайд кæной профилон федералон ведомствæты минæвæрттимæ. «Æппæт нысангонд объектты фæдыл дæр æмбæлгæ бадзырдтæ хъуамæ афойнадыл фидаргонд æрцæуой», – загъта Хицауады Сæрдар.
СЛАНТЫ Аслан